Перейти к содержанию

Брюне, Жюль

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Жюль Брюне
фр. Jules Brunet
Райгуырды датæ 1838-æм азы 2 январы(1838-01-02)[1][2]
Райгуырæны бынат
Мæлæты датæ 1911-æм азы 12 августы(1911-08-12)[2] (73 азы)
Мæлæты бынат
Æфсæддон куысты азтæ 1857–1899
Хуындад дивизион инæлар[d]
Хорзæхтæ æмæ премитæ
Намысы легионы ордены командор Намысы легионы ордены афицер Намысы легионы ордены кавалер
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Жюль Брюне (фр. Jules Brunet; райгуырдис 1838-æм азы 2 январы — амардис 1911-æм азы 12 августы) уыдис францаг афицер, æфсадхон.

Цардафыст

[ивын | Бындур ивын]

Брюне райгуырдис Бельфоры (Эльзас). 1857-æм азы каст фæцис Политехникон скъола Парижы (фр. École Polytechnique). Уым йæ профессион здæхт уыдис артиллери.

1862–1867-æм азты архайдта Мексикæмæ Францы интервенцийы. 1867-æм азы Жюль Брюне уыдис Францы æфсæддон миссийы уæнг. 1868–1869-æм азты архайдта Босины Хæсты Эдзойы Республикæйы фарс.

Францмæ сыздæхгæйæ, уый уыдис Францы-Пруссийы хæсты архайæг æмæ афтæмæй бахаудис уацары. Франц фембылды ис (1871) æмæ Брюнейы рауагътой. Уый фæстæ афицер архайдта Парижы коммунæ басæттыныл.

1898-æм азы йæ снысан чындис Францы æфсады генштабы сæргълæууæгæй. 1899-æм азы Брюне наууагъта æфсæддон службæ.

Цымыдисаг факттæ

[ивын | Бындур ивын]

Жюль Брюне у киноныв «Фæстаг самурай»-ы хъайтары прототиптæй иу.

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Jules Brunet // база данных Léonore (фр.)ministère de la Culture.
  2. 2,0 2,1 Jules Brunet // GeneaStar