Бразилийы импери
Бразилийы импери (порт. Império do Brasil) уыдис нырыккон Бразилийы территорийыл паддзахад, йæ сæргъы император Педру I æмæ йæ фырт Педру II. Импери сæвзæрди 1822-æм азы, æмæ йæ республикæмæ аивтой 1889-æм азы.
Наполеоны æфсад Португали куы баистой, португайлаг къарол Жуан VI йæ бинонтимæ ралыгъди Бразилимæ — Португалийы ахсджиагдæр колонимæ. Къарол царди Рио-де-Жанейройы 1821-æм азы онг. Уыцы рæстæг уый йæхæдæг Бразилийы статус фæбæрзонддæр кодта — йæ къаролады ног ном сси Португали, Бразили æмæ Альгаврæйы Иугонд Къаролад (1815). Жуан VI Лиссабонмæ куы цыди, уæд йæ фæстæ ныууагъта йæ фырт Педруйы — уый сси Бразилийы вице-къарол регент.
Уыцы иу аз Португалийы парламент, Бразилийы статус ногæй фæныллæгдæр уа æмæ йæ автономи аиуварс уа, ахæм уынаффæ рахæста. Португалийæ Бразилимæ æрбацыдысты æфсæддонтæ уыцы уынаффæ сæххæст кæнынæн. Бразилийы цæрджытæ растадысты, уыцы растадæн разамынд лæвæрдта регент Педру йæхæдæг — Португалийы парламентмæ уый ныффыста, адæм мæ курынц сæрибарыл тох кæнын, зæгъгæ.
1822-æм азы 12 октябры фехъусын кодтой, дон Педру Бразилийы фыццаг император кæй сси, уый. Йæ коронаци уыдис уыцы иу азы 1 декабры.
Португали йæ кæддæры колонийы хæдбардзинадыл сразы æрмæст 1825-æм азы.
Бразилийы импери уыдис, цагъарад чи аивта, Америкæйы фæстаг ахæм паддзахад. Цагъарад аивыны тыххæй закъон зындгонд сси куыд Сыгъзæрин закъон, уый скуыста 1888-æм азы. Уый фæстæ импери бирæ нæ бафæрæзта — æмæ 1889-æм азы император йæ тронæй аппæрст æрцыд, Бразили сси республикæ.
Литературæ
[ивын | Бындур ивын]- Barman, Roderick J. Brazil: The Forging of a Nation, 1789—1852. Stanford, CA: Stanford University Press, 1988.
- Brazil: Empire and Republic, 1822—1930. Cambridge — New York: Cambridge University Press, 1989.
- Costa, Emilia Viotti da. The Brazilian Empire: Myths and Histories. Chicago, IL: Dorsey Press, 1988.
- Graham, Ann Hartness. Subject Guide to Statistics in the Presidential Report of the Brazilian Provinces, 1830—1889. Austin: Univerity of Texas at Austin, 1977.