Балхъары Цæрæк

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Балхъары Цæрæк
Балхъары Цæрæк комы нарæджы
Балхъары Цæрæк комы нарæджы
Характеристикæ
Дæргъ 54 км
Бассейны фæзуат 688 км²
Бассейн ЦæрæкПахсæнМалхъТеркКъаспы денджыз
Цæугæдоны цыд
Гуырæн Дыхсу æмæ Карасуйы баиу
 · Бæрзæнд 1654 м
Донæфтæн Цæрæк
 · Бæрзæнд 800 м
Ран
Паддзахад Уæрæсе Уæрæсе
Регион Кæсæг-Балхъар
Район Цæрæчы район
Балхъары Цæрæк (Кæсæг-Балхъар)
гуырæн
донæфтæн

Балхъары Цæрæк[1] у цæугæдон Кæсæг-Балхъары. Кæлы Цæрæчы районы территорийыл. Цæугæдоны дæргъ — 54 км, тæнгъæдæмбырдгæнæн донуаты фæуат — 688 км²[2]. Безенгийы Цæрæкимæ баиуы фæстæ дыууæйæ рауайы ног цæугæдон Цæрæк.

Географи[ивын | Бындур ивын]

Цæугæдон рауайы дыууæ тыхджын хæххон лæсæны куы баиу вæййынц, уæд. Сæ иу Карасу, иннæ Дыхсу. Дарддæр Балхъары Цæрæк кæлы дæлвæзтæм, йæ цыды фæстиуæгæн Цæрæчы ком гæрдгæ. Ком хъæу Уæллаг Балхъары районы дзæвгар ауæрæх вæййы. Къæдзæхджын рагъы акъæртт кæнгæйæ донвæды рауайы Цæрæчы комынарæг, йæ ахастон арф 1000 метры у. Хохы рæгътыл ахизгæ, хъæу Бабугенты цур баиу вæййы Безенгийы Цæрæкимæ, ардыгæй нымадæуы иумæйаг Цæрæчы дон.

Балхъары Цæрæкæн йæ сæйрагдæр фæрсагдæттæ сты рахизырдыгæй Рцывашки, Хашхасу æмæ æнд., галиуырдыгæй Тютюнсу, Мусухсу, Чайнашки, Сауран æмæ æнд.

Хæдзарады[ивын | Бындур ивын]

Цæугæдоны амад æрцыдысты Уæлбалхъайраг ГЭС — йæ хъомыс 10 МВт, стæй Мухолы ГЭС — 0,9 МВт хъомысимæ.

Доны реестры бæрæггæнæнтæ[ивын | Бындур ивын]

Уæрæсейы доны паддзахадон реестрмæ гæсгæ цæугæдон хауы Ныгуылæн-Къаспы бассейны зылдмæ. Балхъары Цæрæчы донхæдзарадон хай — Терк Æрæфæй райдай æмæ йæм Малхъ кæм бакæлы, уым фæуы.

Балхъары Цæрæчы цæугæдонон бассейн — Къаспы денджызы бассейны цæугæдæттæ, Терк æмæ Идылы астæутæ.[3].

Паддзахадон доны реестры объекты код — 07020000612108200004971[3].

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Картæйы сыф K-38-39 Чихареши. Масштаб: 1 : 100 000. Указать дату выпуска/состояния местности.
  2. Ресурсы поверхностных вод СССР: Гидрологическая изученность. Т. 8. Северный Кавказ / под ред. Д. Д. Мордухай-Болтовского. — Л.: Гидрометеоиздат, 1964. — 309 с.
  3. 3,0 3,1 Черек Балкарский : [рус.] / textual.ru // Государственный водный реестр : [арх. 15 октябры 2013] / Минприроды России. — 2009. — 29 марта.