Æмбисонд
Внешний вид
Æмбисонд (бирæон нымæц: æмбисæндтæ) у чысыл хъуыдыйæдтæй арæзт адæмон сфæлдыстады хуыз. Æмбисæндтæ адæм фæлтæрæй-фæлтæрмæ æвдисынц сæ цыргъ зонд æмæ хъуыдытæ.
Дæнцæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- Абон умæн йæ дуг, дæлæ кoмæй йæ дугъ.
- Абоны зонд дæу, райсомы зонд мæн.
- Абон уал сусу-бусу, райсом æй a ком фехъусдзысты.
- Абырæг лæг нæмыгæй нæ тæрсы.
- Абырæглæгæн хъæбæр дур йæ нывæрзæн, хус сыфтæр йæ лыстæн, лæгæт йæ хæдзар, цыбыр йæ цæрæнбон.
- Ацы хадт мæ мыды къæм ныххауди.
- Ацы дуджы зæронд фегадис.
- Адæм куы зæгъой æмхуызон, «сохъхъуыр дæ», уæд дæ иу цæст бацъынд кæн.
- Адæм бирæ æрæмбырдис: арвæй фæткъуы куы ’рхауа, уæд зæхмæ не ’рхæццæ уыдзæн.
- Адæм кæрæдзиæн хос дæр сты æмæ фыд дæр.
- Адæмы фарн бирæ у.
- Адæм лæг рафæлдисæг не сты, фæлæ ном æвæрæг сты.
- Адæймаджы хуылфы ис хæйрæг æмæ йын ис æмбæрзæнæн худинаг. Уыцы худинаг æй уæлæмæ скæсын нæ уадзы адæмы амондæн.
- Адæмы астæу дæ бынат ссар æмæ ахæм ран æрбад, — «дæлæдæр абад» дын куыннæ зæгъой.
- Адæмæн се ’ппæтыл хур дæр не ’xxæссы.
- Адæймаг сывæллонæй æвзалытæ дæр хæры.
- Адæймаджы цард уалдзыгон дидинæгау у.
- Арв куыд нæры афтæ нæ цæвы.
- Аргъау - тындзаг, аргъаугæнæг - фæлмæцаг.
- Арсæй куы тæрсæй уæд хъæдмæ мæ цу.
- Æцаг лæг уый у, рæстдзинад кæмæ ис.
- Дæхи базонын дæ куы фанда, уæд адæмы бафæрс.
- Лæугæ дон хъуына кæны.
Ныббарын чи зоны, æмбулгæ дæр уый кæны.
- Чи цал æвзыджы зоны, уал лæджы у.
- Чи цы агуыры уый ссæры.