Архайæг:Reva

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Артъауыз æмæ йæ сфæлдисонтæ


Хуыцау сфæлдыста цыппар хорзы: се’ппæты сæйраг Артъауыз, иннæ мæнæу, иннæ лæг, аннæ фыс. Лæг æмæ фыс æмæ мæнæуæн семæ сфæлдыста фæйнæ хæйрæджы. Гъе ныр æртæ хорзæн семæ ис æртæ хæйрæджы, æмæ сыл фæсмон кæны хуыцау, «куы нæ сæ сфалдыстаин фæлтау.» Уыдон цавæр хæйрæджытæ уыдысты? Лæгæн ус йемæ, фысæн сæгъ, мæнæуæн сысылы. Артъауыз нын хорзæн фæлдыст уыд бæргæ, фæлæ адæмты ардыдта зыгъуыммæдзинадыл иуыл. Уæд Хуыцау Уациллайæн загъта, Артъауызы куыд сласа йæхимæ. Уацилла арвыл авæрдта мигъы сыг. Ныкъæрццъ æй ласта æмæ йæ фелвæста йæхимæ. Хъуамæ йæ бабастаигкой мæйы мыдæг. Уæд фелвæста Артъауыз йæ дыууæ къухыдзаг хуыртæ æмæ дуртæ, ракалдта сæ æмæ загъта: «Ум цал муры ис, уал змæлæджы фестут, баззайут зæххон адæмæн фыдбылызæн.» Уæд æй мæйы мидæг æфсæйнаг зæгæлтæй ныххуыдтой. Уыцы хуыртæ æмæ дуртæ фестадысты зæххыл æнæххуыс змæлæг цы ис, удон: кæлмытæ æмæ бындзытæ, хъæндилтæ æмæ чъиатæ. Артъауыз куы раирвæза, уæд адæмы бахæрдзæн. Цæмæй ма раирвæза, уый тыххæй алы куырд дæр хъуамæ уæлдай цæф кæна хъæсдарæгыл.

Радзырдта йæ Гуыбаты Дзагко. Фолклоры уацмыстæ ныффыстой : Тыбылты А.(литредактор), Карсанты В., Гæззаты У., Бедзысаты У., Санакъоты П., Уанеты З. æмæ æндæртæ. Æвзарынмæ лæвæрд æрцыд 10.12.1935-аз. Мыхуырмæ иуыл къух æрфыстæуыд 1.03.1936-азы.