Перейти к содержанию

Cocco Bello

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
(Coco Bello-æй æрвыст)

Cocco Belloуæрæсейаг фирмæ. Йæхи мидæг иу кæны хайадтæ Cocco Bello Bow Ties – дзаумæтты кондады архайæджы æмæ Cocco Bello Honey – халцады продуктæ аразæджы.

Проект Cocco Bello-йы скусын кодтой 2012-æм азы IT-сферæйы кусæг Гузель Санжапова æмæ дизайнер Наталья Александорва[1]. Æппæты фыццаг компании кодта галстук-бабочкæты куыст. Компани уæйгæнджыты ’хсæн бæрæг бынат ахста. Уалдзæджы 2013-æм азы ноджы скусын кодта сылгоймагон хæдонты кондад дæр [2].

Уыцы иу рæстæг Гузель кодта крем-мыды проекты куыст, кæцыйы аразынц нæуæг сыгъдæг мыд æнæллæугæ хæццæ кæнынæй, цалынмæ кристализаци кæнын нæ райдайы, уæдмæ[3]. Гузелы фыд Равиль у бындздарæны хицау Свердловскы областы, Малый Турышы хъæуы. Ис ын 69 мыдычыргъæды. Йæ бындздарæн цы мыды бæрц дæтты, уый уыд æрцагуырдæй фылдæр, стæй оптæлхæндытæн дæр æфтиаг нæ хаста. Ацы мыдæй Cocco Bello спайда кодта йæ продукт аразыны куысты. Социалон фарсмæ уыд стыр æргом здæхт — проект хъуамæ ахъазаг фæуыдаид хъæуы райрæзты хъуыддаджы, кæцы уыди хауд уавæры[4].

Компани кæны ус-пенсионерты гагадыргътæ æмбырд кæнынмæ, стæй уыцы гагадыргътæй крем-мыд æрцæуадзæни рæсугъдгонд[1]. Гагадыргътæй ма ис фæнд цайы æфтауæнты куыст кæнын райдайын [5].

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. 1,0 1,1 Дарья Денисова. Как бабочки бабушкам помогали(æнæбаххæсгæ æрвитæн). Эксперт. Фонд «Наше Будущее». Датæ: 2015-æм азы 28 апрелы. Архив 2015-æм азы 7 июны.
  2. История создания. Рубашки, бабочки, аксессуары.(æнæбаххæсгæ æрвитæн). Cocco Bello. Датæ: 2015-æм азы 28 апрелы. Архив 2015-æм азы 18 майы.
  3. Что такое крем мед?. Славная пчёлка. Датæ: 2015-æм азы 28 апрелы.
  4. Елизавета Киктенко. Проект Cocco Bello: как дать работу целой деревне(æнæбаххæсгæ æрвитæн). Большой город (25 январы 2014). Датæ: 2015-æм азы 28 апрелы. Архив 2015-æм азы 18 майы.
  5. Ксения Фикс. «Не хочу, чтобы мне было стыдно за их рваные колготки». Служба новостей «URA.Ru» (9 июны 2014). Датæ: 2015-æм азы 28 апрелы.