Явæйаг æвзаг
Явæйаг æвзаг | |
---|---|
Хином | Basa Jawa, Basa Jawi |
Бæстæтæ | Индонези |
Регионтæ | Явæйы сакъадах (йæ ныгуылæн хайы йеддæмæ) |
Дзурджыты нымæц | 80–100 млн. |
Рейтинг | 21 |
Классификаци | |
Категори | Евразийы æвзæгтæ |
|
|
Фыссынад | явæйаг фыссынад, латинаг алфавит |
Æвзаджы кодтæ | |
ISO 639-1 | jv |
ISO 639-2 | jav |
ISO 639-3 | jav |
ГОСТ 7.75–97 | ява 860 |
WALS | jav |
Ethnologue | jav |
ABS ASCL | 6518 |
IETF | jv |
Glottolog | java1253 æмæ java1254 |
Википеди ацы æвзагыл |
Явæйаг æвзаг (Basa Jawa, Basa Jawi) у дзурджыты нымæцмæ гæсгæ (75 милуанæй фылдæр) тæккæ стырдæр австронезиаг æвзаг. Æмбæлы сакъадах Явæйыл, стæй Индонезийы цалдæр æндæр сакъадахыл.
Кæд явæйагау дзурынц Индонезийы цæрджыты дзæвгар хай (индонезиæгты æмбисмæ æввахс), уæддæр ныры рæстæг æвзагæн нæй официалон статус (Индонезийы паддзахадон æвзаг у индонезиаг). Раздæр явæйаг уыди Голландиаг Ост-Индийы официалон æвзаг.
Явæйаг æвзаг зындгонд у нæ эрæйы I миназонæй фæстæмæ. Райдианы фыссынæн пайда кодтой, йæ бындуры индиаг, фæстæдæр араббаг, фæстагмæ та латинаг дамгъæтæ кæмæн уыди, ахæм уæнгон (силлабикон) фыссынадæй. Ныртæккæ, стæм хаттæй фæстæмæ, пайда кæнынц латинаг алфавитæй.
Индонезийы литературæты ’хсæн явæйаг у тæккæ рагондæр æмæ хъæздыгдæр.
Банюмасайнаг диалект иуæй-иу лингвисттæ нымайынц хицæн æвзагыл, уымæн æмæ куыдфæстæмæ йæм фæзынди дзæвгар хицæндзинæдтæ лексикæйы æмæ фонологийы.