Перейти к содержанию

Несбё, Ю

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
(Ю Несбё-æй æрвыст)
Ю Несбё
норв. Jo Nesbø
Гуырæн ном норв. Jon Nesbø
Райгуырды датæ 1960-æм азы 29 мартъийы(1960-03-29)[1][2][…] (64 азы)
Райгуырæны бынат
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Ахуырад
Архайды хуыз фыссæг
Сфæлдыстады азтæ 1997-æм азæй
Жанр детектив, триллер
Уацмысты æвзаг норвегиаг æвзаг
jonesbo.com(англ.)
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Ю Не́сбё (норв. Jo Nesbø [ˈjuː ˈnɛ̀sbøː]) у норвегиаг фыссæг, музыкант, раздæры экономист æмæ журналист. Несбё у рок-къорд «Di Derre»-йы раздзæуæг вокалист æмæ сæ зарджыты автор.

Йæ номдзыддæр уацмыстæ сты детективон романтæ Харри Холейы тыххæй. Ноджы ма, дохтыр Прокторы тыххæй рауагъта цалдæр сабитæн фыст чиныджы.

Цардафыст

[ивын | Бындур ивын]

Ю райгурдис норвегиаг сахар Ослойы. Йæ мад куста чиныгдоны, æмæ йæ руаджы йæ фыртмæ фæзындис литературæмæ интерес. Æрыгон Ю футболæн радта йæ зæрдæ, 17 азы йыл куы сыххæст ис уæд хъазыди ФК Молде-йы, цалынмæ йæ зоныг нæ бафхæрдта, уæдмæ. Институты ахуыр кодта экономикон дæсниадыл.

Йæ ахуыры фæстæ куыста брокерæй æмæ экономистæй. 1997-æм азы рауагъта йæ фыццаг чиныг «Хæлынбыттыр» (норв. Flaggermusmannen — «Хæлынбыттырлæг»), уый райста критикты æппæлд.

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]