Чжуанаг адæм
Внешний вид
(Чжуан-æй æрвыст)
Чжуанæгтæ | |
---|---|
Хином | Bouxcuengh |
Ахæлиу | Китай (Гуанси-Чжуаны автономон район) |
Æвзаг | чжуанаг æвзаг |
Дин | буддизм, даосизм, традицион дин |
Хæстæг адæмтæ | буи |
Викикъæбицы медиа |
Чжуанæгтæ, чжуан (чжуан. Bouxcuengh [poːu˦˨ ɕeŋ˧]; кит. 壮族, пиньинь Zhuàng Zú) — Хуссар Китайы бындурон адæмтæй иу, у Китайы 56 официалон этникон къордæй тæккæ стырдæр. Æдæппæт чжуанæгты нымæц у 16 178 811 адæймаджы (2000-æм азы сфыст). Чжуанæгтæ цæрынц Гуансийы провинцийы (14,24 млн ад., уыдонæй фылдæр Гуанси-Чжуаны автономон районы), стæй Юньнань (1,14 млн) æмæ Гуандуны (570 мин).
Чжуанæгтæй бирæ цалдæр æвзагыл дзурынц: чжуанаг æвзаджы йеддæмæ зонынц китайаг æвзаг (йæ кантонаг формæйы), мяо, яо æмæ дунаг æвзæгтæ.
Литературæ
[ивын | Бындур ивын]- Народы Восточной Азии, М.—Л., 1965.
- Итс Р. Ф., Этническая история юга Восточной Азии, Л., 1972.
- А. М. Решетов Чжуан // Народы и религии мира / Глав. ред. В. А. Тишков. М.: Большая Российская Энциклопедия, 1999.