Чабæ (арæзтад)
Перейти к навигации
Перейти к поиску
Чабæ[1] кæнæ Каабæ (арабб. الكعبة — «куб») — пысылмон кувынаккаг Меккæйы, Мæзджыт аль-Харамы мидæг. Пысылмон дины уырнындзинадмæ гæсгæ алы пысылмон лæг хъуамæ-иу йæ царды мидæг иу хатт хадз сарæза, ома Меккæ æмæ Чабæмæ рацæуа, æмæ афтæ йæ дин æмæ уырнындзинад сбæлвырд кæна.
Чабæ у пысылмон динæн йæ ииуыл ахсджиагдæр бынат, пысылмæттæ йæ хонынц Bayt Allah (арабб. بَيْت ٱللَّٰه — «Аллахы хæдзар») æмæ уыдонæн хъиблæ (арабб. قبلة — «кувыны здæхт», ома ламаз кæныны рæстæджы кæцырдæм здæхынц, уый) у.
Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]
- ↑ Гæдиаты Секъа. Уацмыстæ — Дзæуджыхъæу: Ир, 2018. — 462 ф.