Перейти к содержанию

Стъæлха

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
(Цикорий-æй æрвыст)
Стъæлха
Стъæлхайы дидинджытæ
Стъæлхайы дидинджытæ
Зонадон классификаци
Паддзахад: Зайæгойтæ
Хайад: Дидинæгджын зайæгойтæ
Кълас: Дыхайон зайæгойтæ
Къорд: Asterales
Бинонад: Бæндыстæ
Мыггаг: Стъæлха
Латинаг ном
Cichorium L.
ITIS 36762
NCBI 13426

Стъæлха кæнæ хуыдзæхæра, тугсыгъдæггæнæн[1] (уырыс. Cichorium, уырыс. Цикорий) у иуазыккон æмæ дыууæазыккон кæрдæгты мыггаг. Мыггагæй дыууæ хуызы сты рæзынгонд, цыппарæй æхсазмæ та — хъæддæг.

Хъæддаг уырыдзыуидаджы ном.[2]

Стъæлхайæн ис, сыджытмæ арф чи фæцæуы, ахæм стæвд æлхуийон уидаг.

Салатон стъæлха æмæ хуымæтæг стъæлха сты рæзынгонд. Уыцы зайæгойы уидаджы ис бирæ инулин (сезоны тæмæн 75%). Уый тыххæй уыцы уидагæй пайда кæнынц куыд къофийы суррогатæй.

Рæзынгонд хуызты сыфтæ салаттæм бæззынц.

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Дзабиты 3арбег. Ирон адæмон хостæ. — Дзæуджыхъæу: Ир, 1995 — 201 ф.
  2. Дзабиты З.Тъ. Ирон адæмон медицинон терминологи. — Цхинвал, «Республика», 2018