Хъаныхъуаты Инал

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Хъаныхъуаты Инал
Райгуырды датæ 1850[1]
Райгуырæны бынат
Мæлæты бон 1899
Мæлæты бынат
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Архайды хуыз фыссæг
Уацмысты æвзаг ирон

Хъаныхъуаты Дудары фырт Инал (Иналыхъ) (райгуырдис 1850 кæнæ 1851-æм азы Цæгат Ирыстоны Хъаныхъуатыхъæуы — амардис 1899-æм азы Хуымæллæджы кæнæ Бруты) у зындгонд ирон фыссæг, публицист æмæ этнограф.

Цардафыст[ивын | Бындур ивын]

Хъаныхъуаты Инал райгуырдис Цæгат Ирыстоны Хъаныхъуатыхъæуы. Йæ фыд Дудар уыдис уæздæттæй, æлдæрттæй. Инал ахуыр кодта Стъараполы гимназы. 1860-æм азы Иналы фыд æд бинонтæ алыгъд Туркмæ, фæлæ уым адæмы цард нæ фæцыд йæ зæрдæмæ æмæ фæстæмæ раздæхт Ирыстонмæ. Уæд та Иналæн фадат фæцис дарддæр ахуыр кæнынæн.

1872-æм азы азы августы, Инал каст фæци Стъараполы гимназ æмæ бацыд æфсæддон скъоламæ. 1877-æм азы райста афицеры цин, архайдта 1877-1878 азты Турчы ныхмæ хæсты æмæ уый фæстæ службæйы фæдыл 1879-æм азы афтыд Сыбырмæ. Уым æфсады йæ службæ ныууагъта æмæ цард Владивостокы.

Литературæ[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]