Хуыдзиатæ
Внешний вид
| Хуыдзиатæ | |
|---|---|
| Къорд | Уæздæттæ |
| Бындурæвæрæг | |
| Кæм цардысты | Дæллагхъæу, Гули |
Хуыдзиатæ[2][3] (уырыс. Худзиевы[2]) сты ирон мыггаг.
Равзæрд
[ивын | Бындур ивын]Куырттайы байзæддæгтæй иу хуындис Тазе. Уыди йын æртæ фырты: Хæдарц, Куыдзи æмæ Хуыдзи. Цардысты Хæкъынайы рындзыл, Уæлæсыхы. Æртæ лæппуйæ равзæрди мыггæгтæ: Хæдарцатæ, Куыдзиатæ, Хуыдзиатæ. Фæстæдæр, комы хъæутæ куы фæзынди, уæд Куыдзиатæ æрцардысты Хохы Дзуарыхъæуы, Хæдарцатæ — Ацонæгайы, Хуыдзиатæ та — Дæллагхъæуы. Æртæ мыггаджы дæр хаудтой Куырттаты комы уæздæттæм.
XIX-æм æнусы кæрон Хуыдзиаты бинонтæ се ’ппæт дæр, Бабойæ фæстæмæ, ралыгъдысты хæхбæстæй быдырмæ. Иутæ æрцардысты Пысылмонхъæуы, Заманхъулы, Емаусы, иннæтæ — Дзуарыхъæуы. Бабо та цæмæдæр гæсгæ æрцарди Гулийы.[1]
Кæс ноджы
[ивын | Бындур ивын]Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- 1 2 Куырттаты ком æмæ куырттатæгтæ / Чиныг сарæзта Хъантемыраты Æ. — Дзæуджыхъæу: Аланыстон, 2011 — 496 ф. Т. 2.
- 1 2 Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъон ирон мыггагон нæмтты тыххæй. Ирон мыггæгты иууон номхыгъд
- ↑ Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.