Перейти к содержанию

Фæрссаг лæгтæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
(Фæрссаг лæг-æй æрвыст)

Фæрссаг лæгтæ (ир.), адæмихатт (диг.) — ирон зæхкусджыты æппæты стырдæр фæлтæр. Сæрибар уæвгæйæ сæм ХVIII æнусы æмбисмæ хи зæххытæ нæ уыдис, цардысты феодалты зæххытыл æмæ сæ пайдайæн кодтой бегарайы куыстытæ, феодалтæ сæ хъахъхъæдтой æмæ сыл арм дардтой. Ирыстоны Зæхкусджыты реформæйы райдайæнмæ бафиппайæн уыдис, фæрссаг лæгты æхсæнадон фæлтæр куыд тынг ныддихтæ ис, уый — æнæзæхх фæрссаг лæгтæй райдай æмæ фæу, дзæвгар зæхх, бæхрæгъæуттæ, хъомрæгъæуттæ æмæ фысвосы дзугтæ кæмæ уыди, ахæм хъæздыг æмæ бархи фæрссаглæгтæ. Арæхдæр хæстæг кодтой сæ кæрæдзиимæ, фæлæ-иу бонджын æмæ дзырддзæугæ фæрссаг лæгты бинонтæй æлдæртты мыггæгты нæлгоймæгтæ дæр чызг хастой.

Литературæ

[ивын | Бындур ивын]

1. Этнография и мифология осетин. Дзадзиев А.Б., Дзуцев Х.В., Караев С.М. Краткий словарь. — Владикавказ, 1994 — 284 с.