Тихвинкæ (цæугæдон)
Внешний вид
Тихвинкæ | |
---|---|
Кæм кæлы | Ленинграды облæст |
Гуырæн | Еглинойы цад |
Донæфтæн | Сясь |
Дæргъ | 144 км |
Бассейны фæзуат | 2140 км² |
Ти́хвинкæ (уырыс. Тихвинка) у цæугæдон Ленинграды облæсты скæсæны. Ууыл лæууы сахар Тихвин. Цæугæдоны дæргъ у 144 километры, уый цæуы Еглинойы цадæй цæугæдон Сясмæ.
XIX æнусы Тихвинкæ уыд Тихвины доны системæйы хай, ууыл уыди 48 шлюзы. Йæ ахадындзинад фæкъаддæр, Волгæ-Балты доны фæндаг арæзт куы фæци, уæдæй. 1966-æм азæй системæйæ нал пайда кæнынц, Тихвинкæ нал у наудзон цæугæдон.
Тихвинкæйы дыууæ былыл лæууы рагон уырыссаг сахар Тихвин.