РЦИ — Аланийы сгуыхт ахуыргæнæг
Внешний вид
(РЦИ – Аланийы сгуыхт ахуыргæнæг-æй æрвыст)
Кадджын ном «РЦИ – Аланийы сгуыхт ахуыргæнæг» у Республикæ Цæгат Ирыстон — Аланийы паддзахадон хæрзиуæг.
Дæттынц æй иумæйаг ахуырадон æмæ сæрмагонд скъолаты, сидзæрдæтты, скъолаты-интернатты, райдиан æмæ астæуккаг профессионалон ахуырады ахуыргæнæндæтты æппынкъаддæр 15 азы чи бакуыста, стæй педагогон куысты уæлдай стырдæр æнтыстдзинæдтæ кæй кьухы бафтыд, амынд кусæндæтты уыцы ахуыргæнджытæн, директортæн, стæй директорты хæдивджытæн ахуырадон æмæ хъомыладон куыстæй.
Кадджын ном дæттыны фæтк бæлвырд кæны Республикæ Цæгат Ирыстон — Аланийы закъон «РЦИ – Аланийы паддзахадон хæрзиуджыты тыххæй».