РЦИ — Аланийы паддзахадон граждайнаг службæйы сгуыхт кусæг

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Кадджын ном «РЦИ – Аланийы паддзахадон граждайнаг службæйы сгуыхт кусæг» у Республикæ Цæгат Ирыстон — Аланийы паддзахадон хæрзиуæг.

Дæттынц æй паддзахадон хицаудзинады оргæнты æппынкъаддæр 25 азы чи бакуыста, паддзахадон граждайнаг службæйы уыцы дæсны кусджытæн куысты хæстæ æнтыстджынæй æмæ æнаиппæй æххæст кæныны, дæргъвæтин æмæ æнæзæрдæхудт службæйы, конституцион арæзт закъонад æмæ барадон фæтк хъахъхъæныны стæй уæлдай ахсджиагдæр æмæ зындæр хæслæвæрдтæ æххæст кæныны тыххæй.

Кадджын ном дæттыны фæтк бæлвырд кæны Республикæ Цæгат Ирыстон — Аланийы закъон «РЦИ – Аланийы паддзахадон хæрзиуджыты тыххæй».