Аджрам, Нэнси
Нэнси Аджрам | |
---|---|
арабб. نانسي عجرم | |
Иумæйаг информаци | |
Гуырæн ном | арабб. نانسي نبيل عجرم |
Райгуырды датæ | 1983-æм азы 16 майы[1] (41 азы) |
Райгуырæны бынат | |
Бæстæ | |
Професситæ | актрисæ, зарæггæнæг, филантроп |
Сфæлдыстады азтæ | 1998 — |
Жанртæ | поп-музыкæ[d], поп-фолк[d] æмæ араббаг поп-музыкæ[d] |
Лейблтæ | EMI[d] æмæ In2Musica[d] |
nancyajram.com(араб.) | |
Викикъæбицы медиа |
Нэнси Набиль Аджрам (арабб. نانسي نبيل عجرم; латинаг ныффыст у Nancy Ajram; райгуырди 1983-æм азы 16-æм майы сахар Бейруты) — у ливайнаг зарæггæнæг, зары араббаг æвзагыл.
У тынг популярон араббæгты ’хсæн (ныридæгæн ауæй чынди 30 милуан къопийæ фылдæр), стæй æндæр регионты (арæх æй хонынц Æввахс Скæсæны зарæггæнджытæй тæккæ зындгондæр). У алыхуызон конкурстæ æмæ хорзæхты лауреат. Æнæуый дæр у бынæттон базары Coca-Cola-йы «Компанийы цæсгом».
Йæ музыкæйы миниуджытæ сты рог электрон аранжировкæтæ кæнæ лирикон мотивтæ араббаг традицион инструменттæй спайда. Уагъд цæуынц видеоклиптæ, кæцытæ уайтагъд бахауынц алыхуызон араббаг музыкалон телеуынæн каналтæм.
2008-æм азы октябры смой кодта 34-аздзыд ливайнаг стоматологмæ.
Дискографи
[ивын | Бындур ивын]- محتجال — Mihtagalak — «Хъæуыс мæ» (1998)
- شيل عيونك عني — Sheel Oyoonak Anni — «Ма мæм кæс» (2001)
- يا سلام — Ya Salam — «Куыд хорз у» (2003)
- آه و نص — Ah W Noss — «О, афтæ» (2004)
- يا طبطب … ودلع — Ya Tabtab…Wa Dallaa — «Кæд аххосджын дæн» (2006)
- شخبط شخابيط — Shakhbat Shakhabit — «Мах ныв кæнæм» (2007)
- بتفَكّر في إيه؟ — Betfakkar Fi Eih? — «Цæуыл мæт кæныс?» (2008)
Альбом Shakhbat Shakhabit æмæ йæ видеоклипты сери сæрмагондæй конд сты сывæллæттæн.
Æрвитæнтæ
[ивын | Бындур ивын]- Официальнон сайт Архивгонд æрцыдис 25 февралы 2007 азы.
- Дыккаг официалон сайт Архивгонд æрцыдис 10 декабры 2008 азы.
- ↑ Nancy Ajram // Babesdirectory — 2020.