Надгеритæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
(Надгерийтæ-æй æрвыст)

Надгеритæ[1], дыгур. Надгерийтæ (уырыс. Надгериевы) сты дыгурон мыггаг.

Равзæрд[ивын | Бындур ивын]

Таурæгъмæ гæсгæ, дам, раджы кæддæр Гуырдзыйæ Дыгургоммæ æрбафтыд иу стыр лæг, йæ ном Герий, æрцард Къуссуйы, ус ракуырдта, фæзынд ын цæуæт. Йæ цæуæт дæр фыды хуызæн рацыдысты стыртæ. Сыхæгтæ æмæ сæм хъæуы адæм сæ гуырдзиаг мыггагæй нæ дзырдтой, фæлæ сæм дзырдтой «Нард Герийтæ». Фæстагмæ сæ мыггаг сæхæдæг дæр схуыдтой Надгерийтæ. Надгериты мыггагæй иутæ Къуссуйæ фæлыгъдысты Хæзнидонмæ æмæ Лескенмæ, райстой пысылмон дин. Сечермæ чи фæлыгъд, уыдон баззадысты чырыстон диныл хæцгæйæ.

Раджы кæддæр Надгерийтæй иу лæг Горо Къуссуйæ Асымæ алыгъд. Уым кæмæдæр æххуырстæй фæкуыста, йæ райгуырæн бæстæм фæстæмæ нал æрбаздæхт, ус ракуырдта æмæ йæ мыггаг йæхи номыл — Горотæ, зæгъгæ, скодта. Уым ын рацыд зæнæг, сбирæ сты. Гороты номыл хъæу фæзынд Асыйы. Гороты мыггаг абон дæр сæхи нымайынц хæстæг æрвадæлтыл дыгуры Надгеритæн. 1886 азы ма Къуссуйы цардысты Тасо, Куцук, Фацбай æмæ Тебойы бинонтæ Надгерийтæй.[1]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. 1,0 1,1 Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.