Махатмæ Ганди

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
(Мохандас Ганди-æй æрвыст)
Махатмæ Ганди
гудж. મોહનદાસ ગાંધી
Райгуырды датæ 1869-æм азы 2 октябры(1869-10-02)[1][2][3][…]
Райгуырæны бынат
Мæлæты датæ 1948-æм азы 30 январы(1948-01-30)[1][2][3][…] (78 азы)
Мæлæты бынат Дели, Индийы Цæдис
Æмбæстонад
Куысты мыггаг политикон архайæг, юрист, философ
Ахуырад
Дин индуизм[3]
Парти
Основные идеи гандизм, сатьяграха
Фыд Карамчанд Уттамчанд Ганди[d][3][6]
Мад Путлибай Карамчанд Ганди[d][3][6]
Сывæллæттæ Харилал Ганди[d][7][8], Манилал Ганди[d][9][8], Рамдас Ганди[d][8] æмæ Девдас Ганди[d][8]
Хорзæхтæ
Автограф Автограф
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Мохандас Карамчанд (Махатмæ) Ганди (гудж. મોહનદાસ કરમચંદ (મહાત્મા) ગાંધી, хинди मोहनदास कर्मचन्द (महात्मा) गान्धी, англ. Mohandas Karamchand "Mahatma" Gandhi; райгуырдис 1869-æм азы 2 октября ныгуылæн Индийы Порбандары — фæмард 1948-æм азы 30 январы Делийы) уыдис зынгæ индиаг политикон æмæ æхсæнадон архайæг, Индийы хæдбардзинады сæрæппонд чи тох кодта, уыцы змæлды раздзогтæй иу.

Гандийы фыд уыдис кънйазад Порбандары сæйраг министр. Йæ фыд æмæ уæлдайдæр йæ мад диныл тынг æнувыд уыдысты. Бинонтæ бирæ рæстæг æрвыстой кувæндæтты, дзидза нæ хордтой, кастысты индуизмы сыгъдæг чингуытæ.

13-аздзыд Гандийæн ракуырдтой ус, йæ ном Кастурбæ уыдис.

Цалдæр азы дæргъы цардис Стыр Британийы, ахуыр кодта юриспруденци. 1893-æм азы Ганди кусынмæ ацыдис Хуссар Африкæмæ æмæ дзы уайтагъд индиæгты бартыл тох кæнын райдыдта. Уым срæзыдысты йæ æнæтыхми ныхкъуырды идейæтæ.

1915-æм азы Ганди раздæхтис Индимæ. Уыцы аз зындгонд фыссæг Рабиндранат Тагор, Гандийы тыххæй дзургæ-дзурын, спайда кодта «махатмæ», зæгъгæ, уыцы номæй — ома, стыр уды хицау.

1948-æм азы 20 январы Пенджабæй чи ралыгъдис, ахæм адæймаг, Гандимæ баппæрста хиконд бомбæ. Йæ срæмыгъдæй ничи фæцæф, фæлæ Индийы хицауад бадомдта, цæмæй Гандийы хуыздæр хъахъхъæной. Ганди йæхæдæг та загъта: «Кæд æмæ æррайы нæмыгæй амæлын мæ хъысмæт у, æз амæлдзынæн райгæйæ». Цыдис ыл 78 азы.

Цалдæр боны фæстæ, 30 январы Гандийы æртæ гæрахæй фехстой индуистон экстремисттæ. Чи йæ фехста, уыцы Натхурам Годзе ауыгъд æрцыд 1949-æм азы ноябры, къорды иннæ уæнгтæ фæбадтысты ахастоны.

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

Литературæ[ивын | Бындур ивын]