Перейти к содержанию

Морави

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Историон облæст
Морави
чех. Morava
Тырыса Герб
Тырыса Герб
Географион регион Центрон Европæ
Локализаци Скæсæн Чехи
Кæй сконды у Чехи
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Мора́ви (чех. Morava, словак. Morava, нем. Mähren) у историон регион Чехийы хуссар-скæсæны, моравæгты бæстæ.

822—907 азты Моравийы паддзахад уыдис Европæйы стырдæр паддзахæдтæй иу, афтæ хуынд Стыр Морави. Йæ кæрон ын æрцыдис, венгриаг знæмтæ (семæ ясæгтæ дæр) Европæмæ куы æрбацыдысты, уæд. Моравийы зæххытæ æнусы æрдæгмæ (955-æм азы онг) систы венгриаг æфсæдтæн сæ базæ, ардыгæй балц кодтой сыхагон европæйаг регионтæм.