Перейти к содержанию

Мецъитæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
(Мецъытæ-æй æрвыст)
Мецъитæ
Æндæр вариант Мецъытæ
Равзæрд Зæнджиатæ[1][2]

Мецъитæ[2] кæнæ Мецъытæ[3] (уырыс. Мециевы) сты ирон мыггаг.

Уыдысты Зæнджиатæй. Абысалтæ цардысты Уæллагкомы. Сæ иу бæгъæмсæрæй Сындзыхъæумæ æрбафтыд. Уæд Зæнджиатæй Куыцыкк æрбацыди Мызурæй. Бадтысты Хъуыбадты уазæгдоны. Абысалтæй Дзанхот разылд æмæ бадзырдта Куыцыккмæ, мæ къухыл мын дон æркæн, зæгъгæ. Куыцыкк куы нæ рахаста дон, уæд æй уый ныццавта. Уый фæстæ йæ Куыцыкк амардта. Уырдыгæй Куыцыкк фæстæмæ ралыгъд. Уæдмæ Хъуыбадтæ фæфæдис кодтой, цæмæй Куыцыккы амардтаиккой. Уый фæдыл сæ фыдæлы ном Мецъи кæй хуынд, уымæ гæсгæ систы Мецъитæй, сæ мыггаг аивтой.[2]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Хъайттаты Сергей. Ирон хабæрттæ — 3-æм рауагъд — Дзæуджыхъæу: Ир, 2009 — 591 ф.
  2. 1 2 3 Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — Цхинвал: «Республика», 2017.
  3. Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъон ирон мыггагон нæмтты тыххæй. Ирон мыггæгты иууон номхыгъд