Волгæ
Внешний вид
(Идыл-æй æрвыст)
Волгæ / Идыл | |
---|---|
уырыс. Волга | |
Пассажирон нау Дæллаг Новгороды цур | |
Характеристикæ | |
Дæргъ | 3530 км |
Бассейны фæзуат | 1 360 000 км² |
Цæугæдæтты бассейн | Къаспы денджыз |
Доны хардз | 8060 м³/с |
Цæугæдоны цыд | |
Гуырæн | Валдайы уæлвæз |
· Гуырæны бынат | Волговерховье (Осташковы район, Тверы облæст) |
Донæфтæн | Къаспы денджыз |
Ран | |
Волгæ Уæрæсейы Европæйаг хайы картæйыл | |
Паддзахад | Уæрæсе |
Во́лгæ кæнæ Идыл[1], дыгурон вариант: Дидил[2] (нарты кадджыты Нарты стыр дон, Адылы дон[3] дæр; уырыс. Волга, мар. Юл, чуваш. Атӑл, тæт. Идел, ног. Эдил, калм. Иҗил-һол, эрз. Рав) у Уæрæсейы Европæйаг хайы ахсджиагдæр цæугæдон, дунейы стырдæр цæугæдæттæй иу, Европæйы тæккæ стырдæр. Йæ цыды фылдæр хай у наудзæуæн, рагæй ын ис егъау транспортон нысаниуæг.
Волгæйы дæргъ у 3530 км (донмарæнты арæзтады агъоммæ — 3690 км). Бассейны фæзуат — 1360 мин км². Волгæйы гуырæн у Валдайы уæлвæзыл, Тверы облæсты, денджызы уæлвæзæй 229 м уæлдæр. Цæугæдон æфты Къаспы денджызмæ (уый у егъау цæхджын цад, денджызы уæлвæзæй 28 метры ныллæгдæр).
Наудзæуæн къанæуттæ Волгæйы бæттынц Балты æмæ Урс денджызтимæ, цæугæдон Донимæ, уымæй та — Азовы денджызимæ.
Волгæйы стырдæр фæрсагдæттæ
[ивын | Бындур ивын]- Селижаровкæ
- Вазузæ
- Тверца
- Шошæ
- Дубна
- Медведицæ
- Нерль
- Мологæ
- Судæ
- Шексна
- Согожæ
- Которосль
- Кострома
- Мерæ
- Нёмдæ
- Унжæ
- Ока
- Кудьмæ
- Керженец
- Сура
- Ветлугæ
- Стыр Цивиль
- Стыр Кокшагæ
- Чысыл Кокшагæ
- Илеть
- Свиягæ
- Казанкæ
- Камæ
- Стыр Черемшан
- Уса
- Сок
- Самарæ
- Чапаевкæ
- Сызранкæ
- Чагра
- Чысыл Иргиз
- Стыр Иргиз
- Стыр Караман
- Терешкæ
- Еруслан
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Дзагуырты Тембол. Географийы терминон дзырдуат уырыссаг æмæ ирон æвзæгтыл. Цæгат Ирыстоны АССР-ы паддзахадон рауагъдад — Орджоникидзе, 1941.
- ↑ Ирон адæмон сфæлдыстад. Дыууæ томы. Дыккаг том. / Чиныг сарæзта Салæгаты 3. — Дзæуджыхъæу: Ир, 2007 — 655 ф.
- ↑ Бязырты А. Нарты таурæгъты истори. — Дзæуджыхъæу: Ир, 1992 — 167 ф.