The Beatles

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
(Битлз-æй æрвыст)
The Beatles
Логотипы ныв
Джон Леннон, Ринго Старр, Пол Маккартни, Джордж Харрисон (1965-æм аз)
Джон Леннон, Ринго Старр, Пол Маккартни, Джордж Харрисон (1965-æм аз)
Иумæйаг информаци
Жанртæ рок, поп[1], мерсибит[2], рок-н-ролл[3], психоделикон рок[4], хард-рок[5]
Азтæ 1960—1970
Бæстæ Стыр Британи Стыр Британи
Фæзынды бынат Ливерпуль
Лейблтæ
Разамонæг Брайан Эпстайн[d][6]
Æндæр
проекттæ
Официалон сайт
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

The Beatles уыдис, 1960–1970 азты чи архайдта, ахæм англисаг рок-къорд. Йæ бындур æвæрд æрцыд 1960-æм азы. Сæйраг уæнгтæ дзы уыдысты Джон Леннон, Пол Маккартни, Джордж Харрисон æмæ Ринго Старр. Уыдонæй йеддæмæ хæттæй-хатт дзы архайдтой Стюарт Сатклифф, Пит Бест æмæ Джимми Никол. The Beatles-ы зæрджыты фылдæр хай ныффыстой Джон Леннон æмæ Пол Маккартни.

The Beatles нымад у æппæт рæстæджы иууыл ахадгæдæр музыкалон къордыл[7], æмæ сæйраг бынат æхсынц 1960-æм азты контр-культурæйы, æмæ, популярон музыкæйы аивады хуызыл кæй банымадтой, уыцы цауы.[8] The Beatles-ы музыкæйы уидæгтæ сты скиффл, бит æмæ 50-æм азты рок-н-ролл, æмæ ма классикон музыкæ æмæ традицион поп-музыкæйы элементтæ. Фæстæдæр та къорд райдыдта иртæсын бирæ алыхуызæн жанртæ, сæ музыкалон стиль айтыгъдис балладæтæ æмæ индиаг зæлвидыцæй психодели æмæ уæззау хард-рокмæ. Зæлбафыст, зарфыссынад æмæ артистон бавдыстмæ гæсгæ æппæты размæцыдтæр коллектив уæвгæйæ, The Beatles æрбахастой революци дунейы зæлвидыцон индустримæ, æмæ систы сæ дуджы фæсивадон æмæ социокультурон змæлдыты раздзогтæ.[8]

Истори[ивын | Бындур ивын]

1956-1963: Фæзынд[ивын | Бындур ивын]

The Quarrymen æмæ нæмтты ивд[ивын | Бындур ивын]

1956-æм азы ноябры 17-аздзыд Джон Леннон æмæ йе ’мбæлттæ Ливерпулы Quarry Bank-ы Уæлдæр Скъолайы саразтой, скиффл чи хъазыд, ахæм къорд. Æрхуыдтой сæхи The Blackjack, стæй та базыдтой, уыцы горæты æндæр ахæм къорд кæй ис, уый, æмæ сæ ном The Quarrymen-мæ фæивтой. 15-аздзыд Пол Маккартни Ленноныл амбæлдис 1957-æм азы июны, æмæ фæстæдæр сæ ритм-гитарист сси. 1958-æм азы февралы, Маккартни йæ 15-адздзыд æмбал Джон Харрисоны æрхуыдта сæ къордмæ бакæсынмæ. Уæд Леннон байхъуыста Харрисоны цагъдмæ, йæ зæрдæмæ фæцыди, фæлæ æгæр æвзонг кæй у, афтæ æрхъуыды кодта. Иу мæйы дæргъы Харрисон йæ фæндон нæ уагъта, æмæ уæд, дыккаг фембæлды дæргъы, Харрисон инструменталон зарæг "Raunchy"-йы сæйраг гитарæйы парти фæцагъта автобусы дыккаг уæладзыджы лæугæйæ, æмæ афтæ йæ райстой дыккаг гитаристæй.

1959-æм азы январмæ, Ленноны Querry Bank скъолайæ æмбæлттæ йæ къордæй ацыдысты, Леннон та райдыдта ахуыр кæнын Ливерпулы аивады колледжы. Æртæ гитаристы Johnny and the Moondogs сæхи хонын байдыдтой æмæ сæ къухы цæвдонтæй цæгъдæг-иу куы æфтыд, уæд-иу рок-н-ролл хъазыдысты. Леннонæн йæ аивадон скъолайы æмбал, Стюарт Сатклифф, уыцы рæстæг йæ нывтæй иу ауæй кодта, æмæ балхæдта бас-гитарæйы, æмæ афтæ 1960-æм азы январы сæ скондмæ рацыд. Уый сæ бафарста сæ ном раивын The Beatals-мæ, Buddy Holly and the Crickets-ы цыт кæнынæн. Ацы номæй пайда кодтой майы онг, стæй та сæ ном раивдтой Silver Beetles-мæ, æмæ саразтой гыццыл тур Шотландимæ. Ливерпулы музыкант Джонни Джентлæн æххуыс гæнгæйæ. Июлы райдийанмæ сæ ном бадзæбæх кодтой æмæ схуыдтой сæхи the Silver Beatles, стæй та хуымæтæджы The Beatles систы.

Фыццаг резиденцитæ æмæ популярондзинад Британийы[ивын | Бындур ивын]

Аллан Уилльямс, Битлзы æнæофициалон менеджер, сарæзта сын резиденци Гамбурджы. Уæд къорд байхъуста æмæ куыстмæ райста цæвддонцæгъдæг Пит Бесты, 1960-æм азы августы æмбисы. Фондз адæймаджы кæм уыдис, ахæмæй къорд ацыд Ливерпулæй Гамбургмæ, æмæ дзы бадзырдта Бруно Кошминдермæ, Гамбурджы Реепербаны — сырх сыхы — стриптиз-клубты хицау чи уыд, уымæ, æртæ мæйы дæргъы резиденци сын кæй хъæудзæн, уый тыххæй. Биттлзы историк Марк Левисон афтæ фыссы: «Боныцъæхæй æрхæццæ сты Гамбургмæ 17 августы, Реепербан змæлын кæд байдауы, уыцы рæстæг... Æрттивгæ неон рухсытæ алы ран алыхуызон ивхæрсæнтыл хъæр кодтой, æрдæгбæгънæг сылгоймагтæ та рудзынгты цур дзы бадтысты æмæ æнхъæлмæ кæсыдысты сæ клиенттæм».

Уæд Кошминдер йæ цалдæр стрип-клубтæй, зæлвидыц кæм гæнæн уыд цæгъдын, ахæм бынæттæ саразта æмæ The Beatles-ы æрбынат кодта «Индрæ Клуб»-ы. Стæй та йын бахъуыд «Индрæ»-йы бахгæнын, адæм æгæр хъæр кæй уыди, ууыл хъаст кæй кодтой, уый тыххæй, æмæ Октябры мæйы Битлзы рарвыста Kaiserkeller клубмæ. Уæд та базыдта, сæ контракты гонд бадзырды ныхмæ йе знаджы клубы Top Ten Club-ы кæй лæууыдысты, уый, æмæ уæд сын зæгъта, иу мæйы фæстæ сæ контракт кæй фæуыдзæн, æмæ Харрисоны тыххæй, 18 азы кæмæн нæма сæххæст кодта æмæ Гамбургмæ йæ кары тыххæй сæйгæйæ чи бацыд, уый хицауадæн банымудзын кодта. Гермайнаг хицауад бахъавыд Харрисоны сдепортаци кæнын ноябры кæроны. Стæй та Кошминдер банымудзыдта Маккартни æмæ Бестыл, йæ къалидоры уæвгæйæ презерватив кæй бандзарстой, уый тыххæй, æмæ сæ сынгсирвæзты тыххæй пъæлицæ бацахста æмæ сдепортаци кодта. Уæд Леннон дæр æрыздæхт Ливерпулмæ декабры райдийаны, Сатклифф та баззад Гамгургы йæ чындз Астрид Киршхерримæ, профессионалон къамисæг чи уыд æмæ Битлзы æппæты фыццаг æрдæг-профессионалон къам чи систа, уыимæ.

Иннæ дыууæ азы дæргъы Beatles хатгай-хатт Гамбургмæ здæхтысты æмæ дзы фенметразинæй пайда кодтой сæ æппæт-æхсæв концертты дæргъы. 1961-æм азы апрелы раздæхтысты Гамбургмæ дыккаг хатт, хъазыдысты дзы The Top Ten-ы клубы æртæ мæйы дæргъы. Уыцы рæстæг Астрид Кирххерр Сатклиффæн йæ хъуынтæ ныллыг кодта эксистенциалистты субкультурæйы стилы — уый уыдис æхæдгæ цау, уымæн æмæ фæстæдæр се ппæт къорд уыцы хъуынты стиль сæхимæ райста, æмæ афтæ фæзындис зындгонд «Биттлты сæрафыст». Фæстæдæр Сатклиффы бафæндыд къордæй ацæуын æмæ Германы аивадон скъоламæ бацæуын, æмæ уæд Маккартни сси Битлзы бас-гитарист. Гермайнаг продюссер Берт Кемпферт сæм фæдзырдта æмæ семæ котракт бафыста, æмæ цыппар уæнгы кæмæн уыдис, уыцы рок-къорд æххуыс кодта Тони Шериданæн, зындгонд рок-н-ролл цæгъдæгæн, йæ студион бафысты дæргъы. Ацы сесситы хай уæвгæйæ Битлзимæ иу азмæ контракт бафыста лейбл Polydor Records. «Tony Sheridan & the Beat Brothers» къорды номæй уыдон скодтой сæ фыццаг сингл My Bonnie, бафыстой йæ 1961-æм азы июны æмæ цыппар мæйы фæстæдæр йæ рауагътой. Уый æрцахста 32-æм бынат Musikmarkt-ы чарты.

Сæ менеджер Брайан Эпштейныл кæм фембæлдтой, уыцы The Cavern Club, 2008-æм азы ист къам

Сæ дыккаг Гамбурджы цау куы фæци, уæд Битлзæн сæ популярондзинад Ливерпулы дæр рæзын байдыдта, Мерсейбит-змæлд (бит-музыкæимæ баст культурæ) ахæдгæдæр кæй сси, уый тыххæй дæр. Фæлæ къорды уæнгтæ бафаллæдысты æмхуызæн æмæ монотонон концерттæй æмхуызæн æхсæвон клубты. 1961-æм азы ноябры, сæ рæнхъон концерт The Cavern Club-ы куы дæттыдысты, уæд фембалдтой продюссер Брайан Эпштейныл, бынæттон зæлвидыцон колумнист æмæ зæлвидыцон дуканийы хицау чи уыд, ууыл. Фæстæдæр Эпштейн афтæ дзырдта ууыл: «Куы сæ фехъуыстон, уæд уайтагъд мæ зæрдæмæ фæцыдысты. Уыдысты сатæг æмæ æргом, æмæ уыдис сæм, куыд æй ахъуыды кодтон... стъалыйы хъæд».

Фыццаг EPI-йы бафыст[ивын | Бындур ивын]

Епстайн цалдæр мæйы фæстæ къорды уæнгтимæ æрлымæн кодта æмæ къорд срази и йæ сæ менеджерæй саразын, 1962-æм азы январы. 1962-æм азы райдийанæй йе 'мбисмæ Епстейн фæлвæрыд къорды контракт Ber Kaempfert Prudoctions-имæ фæивар кæнын. Стæй та бадзырд сарæзта, сæ пластинкæ иу мæй раздæр кæй бауадзысты, фæлæ уыдонæн иу фæстаг бафысты сесси Гамбурджы саразыны фадат кæй ратдзысты. Апрелы мæйы Гамбургмæ куы æрыздæхтысты, уæд аэропорты сæм Кирххер размæ рацыд æмæ, Сатклифф иу бон размæ сæры мæзгъы мидæг тугмæхсæнæй кæй амард, уый радзырдта. Епстайн та райдыдта баныхастæ алыхуызæн бафысты лейблтимæ бафыссæн контракты тыххæй. Уый саразынмæ, Епстейн бадзырдта, Polydor-имæ контракт раздæр кæй фæивар кæндзысты, Битлз та уалынмæ фылдæр Тони Шериданимæ фылдæр зæрджытæ сараздзысты. Ног Азы боны сæм æрхъусын кодтой Decca Records, фæлæ сæ асырдтой, «Гитæрæйыдзæгъдæг къордты рæстæг фæци, мистер Епстайн», зæгъгæ, ахæм дзуапп рæтгæйæ. Уымæ нæкæсгæйæ, æртæ мæйы фæстæдæр бритайнаг продюссер Джордж Мартин семæ контракт бафыста æмæ сæ рарвыста EMI-йы Parlophone лейблмæ.

Мартин æмæ Битлзы фыццаг бафысты сесси уыд 1962-æм азы 6 июны. Йæ зæрдæмæ Бест куыд цæгъта цæвддонты, уый нæ фæцыд, æмæ уайтагъд Епстайнæн хъаст фæкодта, æмæ сессион цæвдгæнæджы кæй хъуамæ æрхоной, уый бафадзæхста. Уыцы рæстæг Битлз æнæуыйдæр йæ афардæг кæныныл хъуыды кодтой æмæ афтæ æмбисавгусты сæ фæивтой Ринго Старрмæ, кæцы раздæр хъазыд Rory Storm and the Hurricanes-ы æмæ Битлзы ныххæй уырдыгæй ацыд. Сентябры 4-æм боны EMI-йы бафыстой зарæг "Love Me Do" æд Ринго Старр, фæлæ уый дæр Мартины зæрдæмæ нæ фæцыд, æмæ иннæ къуырийы, се ’ртыккаг сесси куы райдыдта, уæд æрхуыдта сессион цæвдгæнæг Энди Уайты, æмæ уыимæ къорд бафыста "Love Me Do"-йы æндæр верси, æмæ стæй "Please Please Me" æмæ "P.S. I Love You".

Къорд йæ фыццаг сингл куы уагъта, уæд Мартин дзы равзæрста "Love Me Do"-йы Старримæ верси, фæлæ фæстæдæр сингл ногæй куы уагътой, уæд баппæрстой уырдæм Уайтимæ верси, Старр бубенæй кæм хъазыд, ахæм. Октябры райдийаны чи рацыд, уыцы "Love Me Do" æрцахста 17-æм бынат Record Retailer-ы чарты. Уыцы мæйы фæстæдæр æрцыд сæ дебют телеуынынады, бынæттон хабæртты алæвæрд People and Places-ы схъазыдысты цалдæр зæрæджы. Фæстæдæр та Мартин сæ разæвæрдта, "Love Me Do" тагъддæр темпы цæмæй бафыссой, æмæ ноябры мæйы дыццаг æмбисы йæ ахæмæй бафыстой. Мартин ацы версийы тыххæй цын зæгъта, «ныртæккæ уæ фыццаг №1 зарæг сфæлдыстат», зæгъгæ.

1962-æм азы декабры Битлз скодтой сæ фондзæм æмæ фæстаг æрцыд Гамбургмæ. 1963-æм азмæ афтæ æрхъуыды кодтой, æмæ æппæт цыппæр къорды уæнгы дæр сæ вокалтæ-иу æфтаудзысты сæ алы альбоммæ — æмæ Старр дæр, йæ вокалон диапазон цыбыр кæмæн уыд, уый. Леннон æмæ Маккартни самадтой зарфыссынадон æмбалдзинад, æмæ къордæн йæ популярондзинад ноджы рæзын байдыдта. Епстейн, сæ коммерциалон потенциал смаксималон кæнын кæмæ фæндыд, æрхатыдта сæ цæмæй профессионалондæр сæхи дарой. Леннон æрымысыд, афтæ сæ кæй бафæдзæхста, уый: «Хъусут-ма, кæд уæ фæнды уыцы стырдæр бынæттæм æрхæццæ уын, уæд хъуамæ уæхи фæиват — сценæйы уæвгæ мауал хæрут, мауал æлгъитгæ кæнут, дымгæ дзы кæнын дæр нæ хъæуы...»

1963–1966: Битломани æмæ тургæнгæ азтæ[ивын | Бындур ивын]

Please Please Me æмæ With the Beatles[ивын | Бындур ивын]

1963-æм азы 11 февралы The Beatles иунæг студиаг сессийы дæргъы бафыстой дæс зæрæджы сæ дебютон LP-мæ, Please Please Me чи хуындис, уымæ. Бафтыдтой уырдæм, сæ фыццаг дыууæ синглтимæ цы цыппар зæрæджы рауагътой, уыдоны. Мартин фыццаджы LP æд удæгас зæл бафыссынмæ хъавыд, The Cavern Club-ы мидæг, фæлæ стæй, агъуысты акустикæ хорз кæй нæу, уый бахатыд, æмæ æрхъуыды кодта "удæгас-хуыз" альбом бафыссын иунæг сессийы дæргъы. "Love Me Do" рæстæмбис популярондзинад фенгæйæ, æрхъуыды кодта сингл "Please Please Me" рауадзын дыууæ мæйы фæстæдæр, æнæхъæн альбомы рауагъдæй дыууæ мæйы раздæр. Уый æрцахста фыццаг бынат Иугонд Къаролады æппæт чартты, Record Retailer-æй йеддæмæ, уым та дыккаг бынат æрцахста.

Сæ фыццаг альбом цы тагъдæй бафыстой, Please Please Me иу боны дæргъы æрцæттæ гæнгæйæ, зæгъгæ, уый æрымысыд AllMusic-ы критик Стивен Томас Ерлеуин, æмæ стæй афтæ ныффыста: "Йæ рауагъды фæстæ дæсгай азтæ куы фæци, уæддæр ныр дæр сатæгай хъуысы, ахæм интенсивондзинадимæ йæ кæй бафыстой, раст уый тыххæй". Леннон уæд дзырдта, уыцы зæрджытæ фысгæйæ композийицы тыххæй бирæ кæй нæ хъуыды кодта, уый: "Æз æмæ Маккартни хуымæтæджы зæрджытæ фыссыдыстæм, Buddy Holly-йау, поп-зæрджытæ, æмæ махæн уыдис æрмæстдæр иу хъуыды — зæлтæ фæлдисын. Сæ ныхæстæ дæр æнахсджиаг уыдысты."

Please Please Me рауагътой 1963-æм азы мартъийы, æмæ уый уыд, Beatles-æн цы иууæндæс альбомы Стыр Британийы фыццаг бынæттæ æрцахстой, уыдонæй сæ фыццаг. Къорды æртыккаг сингл, "From Me To You", рауагъдæуыд апрелы æмæ уыдонæн цы авддæс синглы фæд-фæдыл фыццаг бынæттæ-иу цахстой, уыдонæй сæ фыццаг уыд. Августы чи рауагъдæуыд, уыцы цыппарæм сингл She Loves You сси, уыцы рæстæджы Британийы æппæты тагъддæр кæй уæй кодтой, ахæм сингл, цыппар къуырийы дæргъы 750000 къопийы йын ауæй кодтой. Уый сси сæ фыццаг сингл, иу милуан къопитæ кæмæн уæйгонд æрцыдысты, æмæ уыдист Стыр Британы æппæты стырдæр уæйгонд сингл суанг 1978-æм азы онг.

Сæ æнтыст цын æрхаста медиаты рæзгæ хъусдард, Beatles та йыл дзуапп кодтой æнæцыт æмæ комикон ахастæй, æмæ афтæ фехæлдтой, уыцы рæстæджы поп-зæлвидыцонтæ медиатимæ сæхи куыд дардтой, уый, æмæ афтæ адæмы зæрдæты ноджы фылдæр цымыдис бандзарстой. Азы фыццаг кæроны æртæ хатты тур кодтой Британийы мидæг: уыдис цын цыппар-къуыри тур февралы, стæй æртæ-къуыри мартъийы æмæ æндæр май-июны. Сæ популярондзинад парахат кодта, æмæ медаиатæ сыл фысгæйæ зæрдæлхæнæн ныхæстæ кæнын байдыдтой. Дзыллæтæ сæ арфæтæ кодтой æррæ хъæрæй, æмæ медиатæ уый схуыдтой «Битломани». Февралы Британийы тургæнгæйæ, Битлзæн бантыст америкæйæг зæлвидыцонтæ Tommy Roe æмæ Chriz Montez-æй фылдæр билеттæ ауæй кæнын, æмæ уый уыд ахæм цыдæр, раздæр иу бритайнаг къордæн дæр цы нæ бантыст америкæйæг артисттимæ иумæ тур гæнгæйæ. Æмхуызæн ситуаци æрцыд май-июны туры, ацы хатт артист Roy Orbison-имæ.

Октябры кæроны Битлз райдыдтой сæ фондз-бонон тур Швецийы, сæ фыццаг тур фæсæрæнты сæ 1962-æм азы декабры Гамбурджы цауты фæстæ. Иугонд Къароладмæ октябры 31 боны куы æрбаздæхтысты, уæд цалдæр сæдæ хъæргæнгæ фанаттæ сæм размæ рацыдысты Хитроуы аэропорты, таркъæвда кæй уарыд, уымæ нæкæсгæйæ. Сæдæ-иу журналистты æмæ фотографты дзы уыдис, æмæ семæ иумæ BBC-йæ æрцæуæг адæм дæр. Фыццаг хатт сæ афтæ арфæ кодтой, стæй та сæдæ ахæм цаутæй фылдæр æрцыди. Иннæбон къорд райдыд сæ цыппарæм тур Британийы, æмæ йæ кодта 6 къуыри дæргъы. Ноябры æмбисы «Битломани» уыйас тыхджын сси, æмæ пъæлицæйæн бахъуыд донæхсæгæй пайда кæнын, дзыллæ контроль кæнынæн.

Please Please Me уыдис Record Retailer-ы чарты уæллæгаг дæс зæрджыты æхсæн 30 къуырийы дæргъы, æмæ стæй йæ фæивта сæ ног альбом, With the Beatles, 22 ноябры кæй рауагъдтой, уый. Уыцы альбомæн ауæй кодтой иу миллуан къопитæй фылдæр фыццаг къуырийы дæргъы. Июлæй октябры æстау кæй бафыстой, уыцы альбом фыссгæйæ схуыздæр кодтой сæ зæлбафысты техникæйы. Фыццаг бынаты 21 къуырийы дæргъы уыд. Ерлеуин йæ афыста куыд «æппæты бæрзонддæр хъæды сиквел, оригиналæй хуыздæр чи у, ахæм».

Уæды рæстæджы практикæмæ куыд нæ фæтчыд, афтæ EMI альбомы фæстæ рауагъта сингл "I Want to Hold Your Hand", ацы зарæг та альбомæй айста, цæмæй фылдæр æхца бакæнын сæ бон уаид. Альбом баффипайдта Уилльям Манн, The Times-ы зæлвидыцон критик, æмæ схуыдта Ленон æмæ Маккартнийы «1963 азы зынгæ англисаг композитортæ». Газет ноджы рауагъта цалдæр уацы, Манн сæ мидæг Битлзы зæлвидыцы лыстæг анализ фæкодта. With the Beatles сси Иугонд Къаролады историйы дыккаг ахæм альбом, йæхи иу миллуан къопийæ ауæй кæнын кæмæн бантыст, раздæр ахæм уыд æрмæст 1958-æм South Pacific-ы саундтрек. Альбомы буклеттæ фысгæйæ къорды пресс-офицер Тони Барроу спайда кодта ахæм ныхасæй, «æвæджиауы цыппар», зæгъгæ — fabolous foursome — медиатæ уымæй пайда кæнын райдыдтой куыд "the Fab Four"-æй, афтæ, æмæ уый сси къорды æнæофициалон ном.

Иугонд Штаттæм фыццаг бацыд æмæ "Бритайнаг ныббырст"[ивын | Бындур ивын]

EMI-йы америкæйæг къабаз, Capitol Records, иу азы æмгъуыдæй афæстиат кодта Beatles-ы релиз АИШ-ы, фыццаджы сæ зæлвидыц дзы рауадзын кæй не сразы, уымæй. Æмрæстæджы EMI аныхас кодта хæдбар америкæйæг лейбл Vee-Jay-имæ, æмæ уый рауагътæ Beatles-ы 1963-æм азы зæрджытæй сæ цалдæр. Бацæттæ кодта альбом Introducing... The Beatles, Please Please Me-йæ зæрджыты фылдæр хай кæй мидæг уыд, ахæм, фæлæ сæ менеджменты мидæг быцæуты тыххæй ацы альбом нæ рауагъдæуыд. Стæй куыд фæзынд, афтæмæй ацы лейбл EMI-йæн йæ уæйгонд альбомы копитæй æхца нæ фидыд, æмæ сæ контракт аскъуыд. Ног лицензи радтой Swan лейблмæ, кæцы рауагъдта сингл She Loves You. Уыцы сингл WGH радиостанцийы эфирмæ бафтыдтой, Вирджинийы штаты, фæлæ æппæтамерикæйæг эфирмæ бацæуын нæ йæ бантыст.

Епстайн I Want to Hold Your Hand-ы демо копи Capitol-ы кусæг Браун Мэггсæн æрбахаста, æмæ уый къордимæ контракт бафыста æмæ 40000$-ы аккаг маркетингон компани йын саразта. 1963-æм азы æмбисдекабры WWDC-йы станцийы диджей Кэррол Джеймсы къухы бафтыд I Want to Hold Your Hand-ы бритайнаг равзæрды копи æмæ эфирмæ йæ бафтыдта, афтæмæй райдыд сæ америкæйæг æнтыст. Уыцы зарæджы копитæ парахат кæнын райдыдтой æппæт радиостанциты æхсæн. Афтæмæй уыцы зарæджы домæн сыстыр и, æмæ Capitol Records æртæ къуырийæ зарæджы рауагъд фæтагъд кодта. 26 декабры рауагъдæуыд æмæ йын иу милуан копиты ауæй кодтой, æбмисянвармæ та сси АИШ-ы №1 хит. Уыимæ æмрæстæджы Vee-Jay рауагъта Introducing... The Beatles, æмæ Swan "She Loves You" ногæй уадзын райдыдта.

1964-æм азы 7 февралы Битлз Хитроуæй атæхтысты Нью Йоркмæ. Хитроуы сæ фæндараст кодта 4000 адæймаджы бæрц дзылла, æмæ Нью Йоркы сæм размæ рацыд 3000 адæймаджы. Дыууæ боны фæстæ фыццаг хатт сæ равдыстой америкæйæг телеуынынады The Ed Sullivan Show-ы, уыцы алæвæрдмæ кæсыдысты 73 милуан адæймаджы 23 милуан хæдзæртты, афтæмæй йæм каст Америкæйы цæрджытæй 34%. Сæ биограф Джонатан Гоулды загъдау, Nielsen service-мæ гæсæ уый уыдис АИШ-ы историйы ииуыл стырдæр телевизормæ кæсæг дзылла. Иннæ бон Битлзы ныхмæ дзурын райдыдтой америкæйæг критиктæ, фæлæ сæ фыццаг концерты фæстæ Нью Йорчы битломани срæмыгъта. Уæд къорд ацыдта Флоридæмæ, æмæ дзы дыккаг хатт сæ равдыстой Ed Sullivan Show-ы 70 милуаны бæрц телекæсджыты дзылламæ, æмæ 22 фывралы раздæхтысты Британимæ.

Сæ фыццаг бацыд уыд, АИШ-ы Джон Кеннедийы амарды фæстæ марой куы нæма ауад, уыцы рæстæджы. Комментатортæ æрæх æнхъалынц, æмæ сæ рацыд бирæтæн (æппæты фыццаг та фæсивæдæн) ногæй бандзарста монц æмæ фадаты æнкъæрæн, Кеннедийы амарды фæстæ чи фæцух и, ахæм, æмæ уыцы декадæйы суинаг революцион социалон ивындзинæдтæм фæндаг асыгъдæг кодта. Сæ даргъ сæрыфаст уыцы рæстæджы тынг даргъ уыд æмæ хистæртæ йыл худтысты, фæсивæдæн та уый сси растады нысан.

Къорды популярондзинады тыххæй америкæйæгты бритайнаг зæлвидыц цымыдис кæнын райдыдта, æмæ бирæ æндæр бритайнаг къордтæ дæр æнтысджын суыдысты АИШ-ы. Битлз фæндаг самадта бирæ бритайнаг бит æмæ поп къордтæн, дæнцæгæн: Dave Clark Five, the Animals, Petula Clark, the Kinks æмæ the Rolling Stones-æн.

A flight of stone steps leads from an asphalt car park up to the main entrance of a white two-story building. The ground floor has two sash windows, the first floor has three shorter sash windows. Two more windows are visible at basement level. The decorative stonework around the doors and windows is painted grey.
EMI Studios-мæ сæйраг бахизæн (абон Abbey Road Studios хуыйны, къам ист у 2007-æм азы)

Дискографи[ивын | Бындур ивын]

  • 1963 Please Please Me
  • 1963 With The Beatles
  • 1964 A Hard Day's Night
  • 1964 Beatles For Sale
  • 1965 Help!
  • 1965 Rubber Soul
  • 1966 Revolver
  • 1967 Sgt. Pepper's Lonely Hearts Club Band
  • 1967 Magical Mystery Tour
  • 1968 The Beatles
  • 1969 Yellow Submarine
  • 1969 Abbey Road
  • 1970 Let It Be

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Womack, 2006, p. 65.
  2. Womack, 2006, p. 2.
  3. Womack, 2006, p. 137.
  4. Womack, 2006, p. 113.
  5. Howard, 2004, p. 31: «The White Album contained a panoply of wondrous songs that included acoustic numbers, idiosyncratic pop, heavy-duty hard rock, and flat-out experimentalism».
  6. http://www.brianepstein.com/
  7. Hasted, Nick (2017). You Really Got Me: The Story of The Kinks. Omnibus Press.
  8. 8,0 8,1 Frontani, Michael R. (2007). The Beatles: Image and the Media. University Press of Mississippi. ISBN 978-1-57806-965-1.

Литературæ[ивын | Бындур ивын]