Эсперантойы академи
Внешний вид
Эсперантойы академи (эспер. Akademio de Esperanto) у, эсперантойы æвзаджы нормæтæ фидар чи кæны, уыцы хæдбар организаци. Йæ функцитæ сты: æвзаджы мидæг фæтчиаг чи ссис, уыцы дзырдтæ регистраци æмæ официалон кæнын.
Академи мыхуыры уадзы, æвзаджы ногдзинæдтæ фиксацигонд кæм æрцæуынц, ахæм документтæ. Уыдон сты, «Эсперантойы бындуртæ», зæгъгæ, уыцы документы уæлæмхасæнтæ.
Эсперантойы академийы уæнгтæ сты 45, равзæрынц сæ 9 азы æмгъудмæ.