Перейти к содержанию

Энгр, Жан Огюст Доминик

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Жан-Огюст-Доминик Энгр
фр. Jean Auguste Dominique Ingres
Изображение
Райгуырды датæ 1780-æм азы 29 августы(1780-08-29)[1][2][…]
Райгуырæны бынат
Мæлæты датæ 1867-æм азы 14 январы(1867-01-14)[3][2][…] (86 азы)
Мæлæты бынат
Бæстæ
Жанр историон нывкæнын[d][8], портретон нывкæнын[d], ню[d][8], портрет[d][8] æмæ ориентализм[d]
Ахуыр
Хорзæхтæ
Къухæрфыст Изображение автографа
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Жан Огюст Доминик Энгр (фр. Jean Auguste Dominique Ingres; 1780-æм азы 29 августы1867-æм азы 14 январы) — францаг нывгæнæг, XIX æнусы европæйаг академизмы нымаддæр фæтæг.

Цардафыст

[ивын | Бындур ивын]

Нывгæнæг райгуырдис сахар Монтобаны, Францы хуссар-скæсæны 1780-æм азы 29 августы. Ахуыр кодта Тулузæйы фидауцы аивæдты академийы. Каст æй куы фæци, уæд ацыди Парижмæ æмæ 1797-æм азы сси Жак-Луи Давиды ахуыргæнинаг. 1806–1820 азты Энгр царди æмæ ахуыр кодта Ромы, уый фæстæ афтыди Флоренцимæ. Уым фæци цыппар азы. 1824-æм азы Жан Огюст раздæхти Парижмæ æмæ байгом кодта нываивады скъола. 1835-æм азы нывгæнæг ацыди фæстæмæ Роммæ, Францы академийы директорæй кусынмæ.

1841-æм азæй йæ царды фæстаг бонтæм царди Парижы.

Фæзиан ис 1867-æм азы 14 январы. Ныгæд æрцыд Парижы уæлмæрдтæ Пер-Лашез-ы.

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. 1,0 1,1 база данных Léonore (фр.)ministère de la Culture.
  2. 2,0 2,1 Jean-Auguste-Dominique Ingres (нидерл.)
  3. Le Temps, الطان (фр.)Paris: 1867. — ISSN 1150-1073
  4. KulturNav (англ.) — 2016.
  5. Энгр, Жан Огюст Доминик (уырыс.) // Малая советская энциклопедия / под ред. Н. Л. Мещеряков — 2 — Советская энциклопедия, 1936.
  6. 6,0 6,1 Энгр Жан Огюст Доминик (уырыс.) / под ред. А. М. Прохорова — 3-е изд. — Москва: Советская энциклопедия, 1969.
  7. Artnet — 1998.
  8. 8,0 8,1 8,2 https://www.nga.gov/collection/artist-info.1411.html
  9. AGORHA (фр.) — 2009.