Перейти к содержанию

Хэлси фуд

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Æнæххæст бæрнондзинады æхсæнад «Хэлси фуд» (англис. «Healthy Food») — уæрæсейаг сæрмагонд компани, проект социалон амалхъомады фадыджы[1]. Йæхи æвдисы куыд кафеты æмæ вендингон гарзæгты хыз, кусы æнæниз хойрæгты кондадыл æмæ сæ реализацийыл. Кусы 2009-æм азæй æнæниздзинадыл чи тыхсы, ахæм активисттæ Дмитрий Пронин æмæ Мария Колосова разамынды, фылдæр Мæскуыйы егъау бизнес-центрты.

Компани бындур æвæрд арцыд хъæздыг амалиуæгдартæй Дмитрий Пронин æмæ Мария Колосовайæ. Уыдон 2000-æм азты амбисы бакуыстой иумæйаг бизнес-проект улæфты комлекс «Æнæниздзинады æгъдауы территори». Фæлæ йæ сæ бон нæ баци сæххæст кæнын экономикон кризисы аххосæй. Уæддæр, 2009-æм азы тъæнджы мæйы уыдон регистраци скодтой æнæххæст бæрнондзинады æхсæнад «Хэлси фуд» æмæ байгом кодтой Мæскуыйы æнæниз хойрæгты кафеты хыз. Хъуыддагыл бахардз кодтой хи ’хцайæ 10 милуан сомы. Фыццаг кафе байгом и бизнес-центры «Крылатские холмы».

2010-æм азмæ компанийы æфтиаг фæдывæр и, иннæ аз дæр дыууæ хатты фæфылдæр. Компани архайдта æхсæнадæмон амалхъомадон конкурсы Ernst & Young, æмæ рамбылдта регионалон социалон программæты фонд «Нæ фидæн»-ы æппæтуæрæсеон конкурс социалон амалиуæгдарты ’хсæн. Уымæ гæсгæ цын фондз азмæ радих кодтой æнæпроцентон æфстау 5 милуан сомы. Уыцы ’хцайы фæрæзтæй уыдисты æлхæд вендингон гарзæгтæ бизнес-центрты æвæрынмæ, зæгъæм «Легион»-ы, Baker Plaza-йы, «Новоспасский двор»-ы, «Нахимовский»-ы, базарадон центрты «Мега» æмæ æндæр егъау офисон бæстыхæйтты[1].

2013-æм азы бæрæггæнæнтæм, хызмæ хаст уыд 16 кафейы æмæ 30 вендингон гарзæджы. Разамонджыты ныхæстæм гæсгæ, алы ног бынат гом кæнынæн хардз кодтой 450 мин сомæй 3 милуан æмæ 500 мин соммы онг. Сеппæт фæзуæттæ базайраг уæй кæнынæн истой æххуырсы. Уыцы рæстæгмæ афæдзы æрзылд ногæй та фæфылдæр дыууæ хатты, æмæ сси 122 милуан сомы. Операцион пайдадзинад та сси 14 %[2].

Ассортименты фылдæр хай сты æнæсойджын къæдорæй конд сырниктæ алыхуызон гахæимæ, лауызтæ æнæдрожжон хуыссæйæ дзидзаимæ, кæсагимæ æмæ халсартимæ, æрæджы кæй ралæмæрстой, ахæм соктæ, кастæ, хъæрмхуыппытæ, салаттæ экологикон сыгъдæг халсартæй æнæ сойæ, дзмарийæ, консерванттæй, ахорæнтæй, ароматизатортæй, ад тынгдæр чи кæны, ахæм уæлæмхасæнтæй. Кæсаг, карчы дзидза æмæ стуры фыд фыцынц æрмæст сæрмагонд параконвекцион пецты — æнæ сурвыхæй, фæздæгдарынæй, маринад кæнынæй æмæ пастеризацийæ. Кетчуп æмæ майонезты бæсты цæттæ кæнынц хицæн соустæ цыхтæй, æхсырысæртæй, маламарæй, фæткъуытæй, оливкæтæй конд сойæ, æнæ сыгъдæггонд сойæ, лимоны æмæ мандарины сокæй, къухæй лæмæрст. Хойрæгты фылдæр хайы æххæстæй уæлвæтк сты кæнæ дзы бынтон гыццыл сты сойæ, цæххæй æмæ сæкæрæй. Компани уадзы уæрæх алуынд комдарыны æмæ веганты хæринæгты, кæцыты нæй фос чи дæтты, ахæм хойрæгтæ.

Хойрæгтæ кæнынæн хомæг фыццаджы дæр æввонг кæнынц мæскуыйыбын фермерон хæдзарæдтæй, се ’хсæн 20 уæрæсеон куыстуаты. Хæринæгтæ кæнынц тагъд чи сæфы, ахæм хойрæгтæй, уый тыххæй компани бакуыста кондады пълан аразыны системæ, цæмæй сæхи аирвæзын кæной стыр базайрæгты сæфтæй[3][4].

« Нæ бизнесы спецификæ, йæ тас æмæ йæ фыдфын уый мидæг и, æмæ нæ бон нæу срайгонд кæнын нæ клиентты домæнтæ. Нæ нысан нæу бафсадын, нæ нысан æндæр у: скæнын адæмæн уарзон æнæниз царды æгъдау, бамбарын кæнын йæ пайда.

— Дмитрий Пронин[5]

»

Компани æдзух фæкæны æхсæнадон акцитæ, æрвыст æнæниз царды æгъдауыл, скæны семинартæ æмæ тренингтæ дæсны специалисттимæ. Healthy Food-ы сæргълæууæгтæ Дмитрий Пронин æмæ Мария Колосова сты активон спортсментæ, архайдтой бирæ æппæтуæрæсеон æмæ æхсæнадæмон ерысты триатлонæй, дыууæ дæр хæссынц Ironman-ы ном[6][7].

Агентад «Инвесткафе»-йы аналитик Дарья Пичугина нæ нымайы проект æцæг бизнесыл, фылдæр альтруистон хъæппæрисыл:

« Кæд бындурæвæрджытæ афтæ зæгъынц, æмæ иуыл къаддæр наценкæтæ кæнынц, уæд сæ æфтиаг та кæцæй цæуы? Куыстуаты пайда уæд дызæрдыггаг у. Гæнæн и æмæ рæстæгимæ компанийы уæйы масштаб суыдзæн æфтиагджындæр»[5]. »

Журнал «Эксперт»-ы фæлгæсæг Наталья Литвиновамæ гæсгæ, бирæтæн «Хэлси фуд»-ы арæнæвæрдтытæ фæкæсдзысты уæлбæрц:

« Иумæйаг цæстæнгас анæниз хæринæгты тыххæй нæй суанг диетологтæм дæр. Сæ ныхæстæ сты раст дзæнгæда, кæцытæ бирæ адæмы кæнынц мæсты. Уымæй уæлдай ма сæ хæринæгтæ бирæтæн сæ зæрдæмæ нæ цæуы[8]. »

Кейтерингон компани Sodexo-йы аналитик Денис Шершнёвы нæ уырны вендингон гарзæгтæй анæниз хойрæгтæ уæй кæнынæй исты рауайдзæн, уый:

« Кафе пайдаджын хæринæгтимæ адæмы хъæуынц фылдæрæй фылдæрмæ, фæлæ мæ нæ уырны, ахæм хæринаг гарзæгтæй уæй кæнынæн исты рауайдзæн æви нæ. Гарзагмæ кæсгæйæ мæн нæ уырны, пайда æмæ нæуæг хæринаг дзы кæй ис, мæн та фæнды сырниктæ хæрын хъармæй, æртæккæ конд, стационарон кафейы[9]. »

Æддаг æрмæг

[ивын | Бындур ивын]
  • Healthy Food — компанийы официалон сайт

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. 1,0 1,1 Дарья Осина. Едоки салата(недоступная ссылка). Новый Бизнес (12 февралы 2012). Датæ: 2015-æм азы 31 майы. Архив 2016-æм азы 4 мартъийы.
  2. Алиса По. В Москве появились автоматы с сырниками. The Village (31 январы 2012). Датæ: 2015-æм азы 30 майы.
  3. Не думай, сколько стоит то, что ты сделал. Газета.Ru (1 февралы 2013). Датæ: 2015-æм азы 30 майы.
  4. Алена Гетман. Частное дело. Автоматы питания Healthy Food(недоступная ссылка). Большой город (21 августы 2012). Датæ: 2015-æм азы 30 майы. Архив 2015-æм азы 18 майы.
  5. 5,0 5,1 Цветелина Митева. Здоровый food(недоступная ссылка). Московские новости (19 декабры 2012). Датæ: 2015-æм азы 30 майы. Архив 2013-æм азы 16 июлы.
  6. Лидия Глазко. Путь к здоровью лежит через желудок. Грин Сити (16 мартъийы 2015). Датæ: 2015-æм азы 30 майы.
  7. Как пережить соревнования по триатлону Ironman? История создателей Healthy Food. Грин Сити (29 апрелы 2015). Датæ: 2015-æм азы 30 майы.
  8. Наталья Литвинова. Еда без компромиссов(недоступная ссылка). Эксперт (28 январы 2013). Датæ: 2015-æм азы 30 майы. Архив 2016-æм азы 17 ноябры.
  9. Елена Горелова. Совместима ли концепция здорового питания с вендинговым аппаратом. Ведомости (10 августы 2012). Датæ: 2015-æм азы 31 майы.