Перейти к содержанию

Хъазбеги, Алыксандр

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Алыксандр Хъазбеги
гуырдз. ალექსანდრე ყაზბეგი
Гуырæн ном гуырдз. ალექსანდრე ჩოფიკაშვილი
Райгуырды датæ 8 (20) январы 1848[1]
Райгуырæны бынат
Мæлæты бон 1893-æм азы 22 декабры(1893-12-22)[1] (45 азы)
Мæлæты бынат
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Архайды хуыз фыссæг, драматург, поэт, тæлмацгæнæг, актёр
Уацмысты æвзаг гуырдзиаг
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Хъазбеги Алыксандр[3] (Александр Казбеги; гуырдз. ალექსანდრე ყაზბეგი; 18481893) уыдис гуырдзиаг фыссæг, XIX æнусы критикон реализмы минæвар.

Райгуырдис хъæздыг дворянты бинонты ’хсæн, Сæнайы хохрæбын чи æрбынат кодта, уыцы историон бæстæ Хиуы.

Йæ фыдæй йын баззадис стыр хæдзарад. Уым цы хъазайрæгтæ цардис, уыдонæн тынг фенцондæр кодта сæ цард. Фæстæдæр Хъазбеги афтыдис хæхбæстæм æмæ дзы цасдæр фæцардис хуымæтæг фыййауæй.

1879-æм азæй фæстæмæ уый цардис Тбилисы, куыста газет «Дроеба»-йы.

Йæ уацмысты Хъазбеги ныв кодта хохæгты уæззау цард, йæ сæйрагдæр темæтæй иу уыдис традицион æхсæнады уагæвæрдтæ æмæ адæймаджы ’хсæн быцæудзинад. Йе ’ппæт уацмыстæ фыст æрцыдысты 1880 æмæ 1886 азты ’хсæн.

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. 1,0 1,1 Aleksandre Kazbegi // Proleksis enciklopedija, Opća i nacionalna enciklopedija (хорв.) — 2009.
  2. 2,0 2,1 Казбеги Александр // Большая советская энциклопедия (уырыс.): [в 30 т.] / под ред. А. М. Прохорова — 3-е изд. — Москва: Советская энциклопедия, 1969.
  3. Дзуццаты Хадзы-Мурат. Рацарæзт: ныфсытæ æмæ æцæгдзинад // Журнал «Фидиуæг». №5, 1990