Перейти к содержанию

Уæрæсейы туризм æмæ сервисы паддзахадон университет

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
(УТСПУ-æй æрвыст)


Уæрæсейы туризм æмæ сервисы паддзахадон университет (уырыс. Российский государственный университет туризма и сервиса, (РГУТиС)) у, туризм æмæ сервисы специалистты фыццаг уадзын чи райдыдта, уыцы университет. Йæ ректор у Александр Федулин.

Бындурæвæрд æрцыд 1952-æм азы куыд «Амалиуæгон кооперацийы уæлдæр скъола» (уырыс. Высшая школа промысловой кооперации), 1960-æм азы йæ ном аивта Бынæттон сæудæджерады уæлдæр скъолайыл (уырыс. Высшая школа местной промышленности). Университеты амаддзаджы мидæг раздæр уыди фабрикæ «Экспортнабивткань».1961-æм азæй фæстæмæ сси институт, 1993-æм азæй фæстæмæ — Цардуаг æмæ лæггæдты сферæйы паддзахадон академи (уырыс. Государственная академия сферы быта и услуг (ГАСБУ)), 1999-æм азæй та — университет. 2007-æм азы сентябры мæйы онг дардта ном Мæскуыйы сервисы паддзахадон университет (уырыс. Московский Государственный Университет Сервиса (МГУС)), (1999-æм азæй фæстæмæ), 2007-æм азæй дары нырыккон ном (уырыс. Российский государственный университет туризма и сервиса (РГУТиС)).

2007-æм азы райдиан университеты истой дæсныйадон цæттæдзинад 51 786 студентты (уый хыгъды сæйраг корпусы мидæг боны ахуырады формæйыл — 9 785, боны-фæсаууоныл — 1 147, фæсæууоныл — 17 870 студентты).

Университеты структурæ

[ивын | Бындур ивын]

Сервисы факультет

[ивын | Бындур ивын]
  • Цардуагон техникæйы кафедрæ
  • Информацион системты кафедрæ
  • Автосервис æмæ транспортон лæггæдты кафедрæ
  • Техносферæйы æдасад æмæ химион технологийы кафедрæ
  • Æнæзмæлгæ мулчы кафедрæ

Туризм æмæ уазæгуарзондзинады факультет

[ивын | Бындур ивын]
  • Технологиты æмæ туристон архайынады организацийы кафедрæ
  • Технологиты æмæ ресторанон æмæ уазæгдзæрæнон сервисы организацийы кафедрæ
  • Æхсæнадимæ бастдзинады кафедрæ

Технологиты æмæ дизайны факультет

[ивын | Бындур ивын]
  • Æрмæгзонынады æмæ товарон экспертизæйы кафедрæ
  • Хуийæн æмæ трикотажон дзаумæтты конструкцикæннынад æмæ технологиты кафедрæ
  • Хæрзаив дзаумæтты æмæ интерьеры технологиты æмæ дизайны кафедрæ
  • Нывкæнынад æмæ нываивады кафедрæ
  • Предметон-тыгъдадон астæуады хæрзаив проекткæнынады кафедрæ Кафедра художественного проектирования предметно-пространственной среды

Экономикæйы факультет

[ивын | Бындур ивын]
  • Бухгалтерон хыгъд æмæ хъалонæвæрды кафедрæ
  • Паддзахадон æмæ муниципалон разамынды кафедрæ
  • Корпоративон разамынд æмæ электронон бизнесы кафедрæ
  • Маркетинг æмæ коммерцийы кафедрæ
  • Менеджменты кафедрæ
  • Финансты кафедрæ
  • Экономикæ æмæ амалкæнынады кафедрæ
  • Фæллойы экономикæ æмæ персоналæй разамынды кафедрæ

Барад æмæ социалон коммуникациты факультет

[ивын | Бындур ивын]
  • Гражданон-барадон дисциплинты кафедрæ
  • Уголовон-барадон дисциплинты кафедрæ
  • Паддзахадон-барадон дисциплинты кафедрæ
  • Психологи æмæ социалон куысты кафедрæ
  • Социологи æмæ педагогикæйы кафедрæ

Æппæтуниверситетон кæфедрæтæ

[ивын | Бындур ивын]
  • Фæсарæйнаг æвзæгты кафедрæ
  • Истори æмæ политологийы кафедрæ
  • Математикæ æмæ информатикæйы кафедрæ
  • Философи æмæ культурологийы кафедрæ
  • Æрдзон-зонадон дисциплинты кафедрæ
  • Уырыссаг æвзаг æмæ ныхасы культурæйы кафедрæ
  • Социологи æмæ педагогикæйы кафедрæ
  • Физкультурæ æмæ спрты кафедрæ
  • Экономикон теорийы кафедрæ
  • Инженерон механикæйы кафедрæ

Регионты факультеттæ

[ивын | Бындур ивын]
  • Кадрты экстерны хуызы дæсныйадон цæттæкæнынады факультет
  • Люберцыйы сахары сервисы регионалон факультет
  • Подольскы сахары сервисы регионалон факультет
  • Дубнайы сахары сервисы регионалон факультет
  • Одинцовойы сахары сервисы регионалон факультет

Специалондзинæдтæ, ардæмæдтæ, курстæ

[ивын | Бындур ивын]

Университеты ахуыр кæнынц ахæм специалондзинæдтæм гæсгæ:
(* ардæмæдтæ (бакалаврты æмæ магистрты цæттæкæнынад)

Специалондзинад Код Исинаг квалификаци
Антикризисон разамынд 080503 Экономист-менеджер
Экономикæ æмæ разамынд куыстуаты 080502 Экономист-менеджер
Бухгалтерон хыгъд, анализ æмæ аудит 080109 Экономист
Паддзахадон æмæ муниципалон разамынд 080504 Менеджер
Маркетинг 080111 Маркетолог
Организацийы менеджмент 080507 Менеджер
Дунейон экономикæ 080102 Экономист
Хъалонтæ æмæ хъалонæвæрд 080107 Экономист,хъалонæвæрды специалист
Национ экономикæ 080103 Экономист
Бизнес-информатикæ (бакалавриат)* 080700 Бакалавр бизнес-информатики
Менеджмент (бакалавриат)* 080500 Менеджменты бакалавр
Экономикæ (бакалавриат)* 080100 Экономикæйы бакалавр экономики
Рекламæ 032401 Рекламæйы специалист
Æхсæнадимæ бастдзинæдтæ 030602 Æхсæнадимæ бастдзинæдты специалист
Социологи 040201 Социолог, социологийы ахуыргæнæг
Социалон куыст(бакалавриат)* 040100 Социалон куысты бакалавр
Персоналæй разамынд 080505 Менеджер
Финанстæ æмæ кредит 080105 Экономист
Юриспруденци 030501 Юрист
Туризм 100201 Туризмы специалист
Туризм (бакалавриат)* 100200 Туризмы бакалавр
Социалон-культурон сервис æмæ туризм 100103 Сервис æмæ туризмы специалист
Лингвистикæ (бакалавриат)* 031100 Лингвистикæйы бакалавр
Æхсæнадон æфсадынады продуктты технологи 260501 Инженер
Сервис 100101 Сервисы специалист
Цардуагон машинæтæ æмæ гарзджытæ 150408 Инженер
Информацион системæтæ æмæ технологитæ 230201 Инженер
Алыварсы астæуады инженерон хъахъхъæнынад 330200 Инженер
Хуийæн дзаумæтты конструкцикæнынад 260902 Инженер
Дизайн 070601 Дизайнер
Декоративон-æрбавæрдон аивад 070801 Дизайнер

Филиалтæ

[ивын | Бындур ивын]
  • Сервисы институт (Мæскуы)
  • Туризм æмæ уазæгуарзондзинады институт (Мæскуы)
  • Волгограды филиал
  • Ереваны филиал
  • Хъазаны филиал
  • Калугæйы филиал
  • Калининграды филиал
  • Камчаткæйы филиал
  • Махачкалайы филиал
  • Пермы филиал
  • Пятигорскы филиал
  • Самарæйы филиал
  • Смоленскы филиал
  • Сочийы филиал
  • Уралы филиал
  • Якутскы филиал

Минæварæдтæ

[ивын | Бындур ивын]
  • Минæварад Алексины;
  • Минæварад Алматыйы;
  • Минæварад Бакуйы;
  • Минæварад Губкины;
  • Минæварад Есикы;
  • Минæварад Ижевскы;
  • Минæварад Хъазаны;
  • Минæварад Кировы;
  • Минæварад Красногорскы;
  • Минæварад Красноярскы;
  • Минæварад Обнинскы;
  • Минæварад Пермы;
  • Минæварад Рубцовскы;
  • Минæварад Рыбинскы;
  • Минæварад Ног Цардуавæры;
  • Минæварад Северобайкальскы;
  • Минæварад Сызраны;
  • Минæварад Ташкенты;
  • Минæварад Усть-Каменогорскы;
  • Минæварад Шаховскойы;
  • Минæварад Якутскы;
  • Минæварад Янгиюлы;
  • Минæварад Ярославлы;

Æрвитæнтæ

[ивын | Бындур ивын]