Сомосæ
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Сомосæ уыд, Никарагуæйы 1936 азæй 1979 азмæ æлдариуæг чи кодта, уыцы мыггаг.
Мыггаджы æртæ диктатортæ уыдысты:
- Анастасио Сомосæ Гарсиæ, фыд, Никарагуæйы диктатор (1936—1956). Фехстæуыд.
- Луис Сомосæ Дебайле, хистæр æфсымар, Никарагуæйы диктатор (1956-1963/1967). Зæрдæйы низæй амард 44-аздзыдæй.
- Анастасио Сомосæ Дебайле, кæстæр æфсымар, Никарагуæйы 44-æм æмæ 45-æм президент. Куыд Национ гвардийы командæгæнæг, уый уыд бæстæйы сæргъы 1967 азæй 1979 азы онг. Фехстæуыд 1980 азы Парагвайы.
[баив æй] Мыггаджы равзæрд
Куыд рабæрæг, афтæ диктаторты фыдæлтæй иу уыд Анастасио Бернабе Сомосæ, къæрных æмæ марæг[1]. Йæ фæсномыг уыд Анастасио Авд кæлмæрзæны, уый тыххæй æмæ, дам, кæлмæрзæнтæ дюжины ’рдæг дæр фаг не сты йæ къухæй туг ныссæрфынæн. Фæстæдæр, 1849 азы уыцы тыхгæнæджы æрцæхстой æмæ йæ цæджындзыл ауыгътой.
Уыцы фыдгæнæджы дыууæ фырты — Луис æмæ Анастасио[2] — кæмдæр фæрынчын сты сифилисæй. Низ сæ мæгъзтæ куы хордта, афтæмæй иу хылы рæстæг кæрæдзи фехстой дамбацатæй, сæ дыууæ дæр уыцы цæфтæй амардысты[1].
Сæ иуы фырт, уый дæр Анастасио, сифилисæй рынчын райгуырд. Уый тыххæй хъомысджын адæймаг дзы нæ рауæд æмæ йæ цард фæци сæрмагонд рынчындоны. Уыцы лæгæй райгуырд Анастасио Сомосæ Гарсиæ, Сомосæты диктаторты династийы бындурæвæрæг.
[баив æй] Фиппаинæгтæ
- ↑ 1,0 1,1 Александр Тарасов Сомосæты тыххæй
- ↑ Анастасиойы ном сæ мыггаджы лæвæрдтой-иу фыдæй-фыртмæ.