Сакскобургготский, Симеон Борисов
Симеон Борисов Сакскобургготский, зындгонд у куыд Паддзах Симеон II (райгуырд 1937-æм азы 16 июны Софияйы) у Болгарийы паддзах (1943—1946) æмæ Болгарийы премьер-министр (министр-сæрдар, болг. министър-председател) 2001-æм азæй 2005-æм азы онг. Паддзах Борис III-æмы фырт.
Сывæллон-паддзахы ратардтой бæстæйæ 1946-æм азы сентябры, йæ царды фылдæр хай арвыста Испанийы, йæ бинойнаг дæр у уырдыгон — Маргаритæ Гомес-Асебо и Сехуела (испайнаг къаролы æрвадæлтæй). Болгаримæ раздæхтис 1996-æм азы, активонæй архайы бæстæйы политикон царды.
2009-æм азы 5 июлы парламентмæ æвзæрстыты фæстиуæгæн, Симеон Сакскобургготский кæй сæргъы лæууыд, уыцы парти НДСВ 4-процентон барьерыл нæ схызти æмæ йæ иу депутат дæр парламентмæ нæ бахауд. 6 июлы Симеон Сакскобургготский партийы сæрдары бынатæй ацыд.
Симеонæн ис цыппар фырты æмæ иу чызг. Йæ цоты цоты нымæц у 11.
| Болгарийы хицауиуæггæнджытæ | |
|---|---|
| Стыр Болгари (632—668) |
Кубрат • Батбаян |
| Фыццаг Болгайраг паддзахад (681—1018) |
Аспарух • Тервел • Кормесий • Севар • Кормисош • Винех • Телец • Сабин • Умор • Токту • Паган • Телериг • Кардам • Крум • Омуртаг • Маламир • Пресиан • Борис I • Владимир Расате • Симеон I • Пётр I • Борис II |
| Хурныгуылæн Болгайраг паддзахад (970—1018) |
Роман • Самуил • Гавриил Радомир • Иван Владислав • Пресиан II |
| Дыккаг Болгайраг паддзахад (1186—1396) |
Пётр IV • Иван Асень I • Иванко • Калоян • Борил • Иван Асень II • Коломан I Асень • Михаил I Асень • Коломан II Асень • Мицо Асень • Константин I Тих • Ивайло • Иван Асень III • Георгий I Тертер • Смилец • Чакæ • Феодор Святослав Тертер • Георгий II Тертер • Михаил I Шишман • Иван Стефан • Иван Александр • Иван Шишман • Иван Срацимир • Константин II Асень |
| Добруджæйы деспотад (1325-1397) | Балик • Добротицæ • Иванко |
| Æртыккаг Болгайраг паддзахад (1878—1946) |
Кънйаз Александр I Паддзæхтæ: Фердинанд I • Борис III • Симеон II |