Морозини, Франческо
Франческо Морозини | |
---|---|
итал. Francesco Morosini | |
Райгуырды датæ | 1619-æм азы 26 февралы[1][2] |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты датæ | 1694-æм азы 16 январы[2] (74 азы) |
Мæлæты бынат | |
Хуындад | адмирал[d] |
Тохтæ | |
Викикъæбицы медиа |
Франческо Морозини (итал. Francesco Morosini; 1619-æм азы 26 апрелы — 1694-æм азы 6 январы) у Венецийы 108-æм дож.
Райгуырдис, Республикæйæн æртæ дожы чи радта, ахæм дзырддзæугæ венециаг бинонты. Сæ мыггаджы цыппæрæм дож ссис Франческо. Уый бахъуыдис дож уæвын, Турчы Стыр хæст (1676–1699) йæ тæмæны куы уыдис, уæд.
Æвзонгæй Морозини снывонд кодта йæхи æфсæддон хъуыддæгтæн, архайдта туркæгты ныхмæ хæстон быцæуты Эгейы денджызы.
Морозини хæсты рæстæг, 1667–1669-æм азты лæвæрдта разамынд Республикæйы флотæн Эгейы денджызы. Уыцы заман йын уыди Венецийы тыхты капитан-инæлары цин. Сакъадах Криты Кандийыл туркæгтæ куы æрхъула сты, уæд лæг уыдис сахары хъахъхъæнджытæн разамынддæттæг. 1669-æм азы сахар æнæбары туркæгтæн куы радтой, уæд, фæстæмæ Венецимæ раздæхгæйæ Франческо Мрозинийы фæаххосджын кодтой тæппуддзинад æмæ гадзрахатæй, фæлæ рæхджы бонты йæ æххæстæй сраст кодтой.
1685-æм азы Морозини ногæй слæууыди Венецийы республикæйы флоты сæргъы. Дарддæры цалдæр азы дæргъы уый Отто фон Кёнигсмарчы æххуысæй бацахста Морейы (уырыс. Морея) стыр зæххытæ. Афинæтыл æрхъулайы рæстæг (1687) венециæгты артиллери ныддæрæн кодта Парфеноны иу хай. Морозини уыцы рæстæг фæлгæсыд, цы хæзнатæ дзы баззадис, уыдон куыд давтой, уымæ.
1688-æм азы 3 апрелы Франческо Морозинийы фæсаууонмæ равзæрстой дожæй. Венецимæ лæг раздæхтис æрмæст 1690-æм азы зымæджы. Йæ раздæхты агъоммæ ма хъавыдис тыхæй байсын Негропонт, фæлæ йын нæ бантыстис, йæ æфсæддонты ’хсæн емынæйы рын кæй рапарахат, уый охыл. 1693-æм азы йæ хъæппæрисæй райдыдта Негропонт туркæгтæй сæугъд кæныны ног хæстон кампани, фæлæ уый дæр фæцис æнæнтыст.
Франческо Морозини амардис æнæзæнæгæй 1694-æм азы.
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Bibliothèque nationale de France идентификатор BNF (фр.): гом бæрæггæнæнты платформæ — 2011.
- ↑ 2,0 2,1 Francesco Morosini // SNAC (англ.) — 2010.