Математикон статистикæ
Математикон статистикæ у зонад, кæцы иртасы статистикæ математикæйы бындурыл. Математикон статистикæ архайы уæвæны теорийæ æмæ йæм хæстæг лæууы. Кæд уæвæны теори иртасы процесс цæмæй дзы цы рауайа, уый тыххæй исты бæрæг уа, уæд математикон статистикæ та зыгъуыммæ архайы. Уый иртасы цавæрдæр процессы фæстиуæг æмæ уый бындурыл процесс бæрæгдæр кæны.
Бындурон хъуыдытæ
[ивын | Бындур ивын]Статистикон рардтæ математикон статистикæйы сты бындурон æрмæг. Уыцы рардтæ арæхдæр вæйынц æрхаугæ асты æмбырд æмæ æвдисынц процессы фæстиуæг. Æрхаугæ астæ иумæ хонынц хуызæг, хицæнтæй та () хуызæджы элементтæ. Математикон статистикæйы хуызæг иртаст цæуы, æрхаугæ асы равæрд æвдисынæн. Уыцы иртасынмæ хауынц равдисын равæрды миниуджытæ. Зæгъæм равæрды функци, æнгомад, æнхъæл бæрц, дисперси æмæ æнд.