Карибы денджыз
Внешний вид
(Карибаг денджыз-æй æрвыст)
Карибы денджыз | |
---|---|
исп. Mar Caribe, англ. Caribbean Sea, гаит. Lamè Karaïb, фр. Mer des Caraïbes, папьям. Laman Karibe, нидерл. Caraibische Zee | |
Характеристикæ | |
Фæзуат | 2 753 000 км² |
Гуырахст | 6 860 000 км³ |
Стырдæр арф | 7686 м |
Астæуккаг арф | 2500 м |
Ран | |
14°31′32″ с. ш. 75°49′06″ з. д.HGЯO | |
Бæстæ | |
Викикъæбицы медиа |
Кари́бы денджыз (исп. Mar Caribe, англ. Caribbean Sea, гаит. креол. Lamè Karaïb, фр. Mer des Caraïbes, папьям. Laman Karibe, нидерл. Caraibische Zee) у Атлантикон фурды бассейны денджыз, Мексикæйы бакæлæнæй хуссарырдæм. Йæ былгæрон сты: хуссары Венесуэлæ, Колумби, Панамæ; ныгуылæны — Костæ-Рикæ, Никарагуæ, Гватемалæ, Белиз æмæ Мексикæйы æрдæгсакъадах Юкатан; цæгаты — Стыр Антилы сакъадæхтæ (Кубæ, Гаити, Ямайкæ, Пуэрто-Рико) æмæ сакъадах Мартиникæ; скæсæны та — Чысыл Антилы сакъадæхтæ.
Денджызы фæзуат у 2 754 000 км².
Карибы денджыз у дунейы ахсджиагдæр нефткъахæн регионтæй иу (170 млн т æрвылаз).
Афæдзы дæргъы сæ фæллад уадзынмæ регионы бæстæтæм æрбацæуынц 12 милуан туристы.