Дауджыты бон

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Дауджыты бон вæййы кæрдæгхæссæнæй къуыри куы рацæуы, уæд. Ацы бæрæгбон дæр кодтой кусарт. Кувинаг æртæ чъирийы сæрыл-иу уыди хуылфыдзаумæттæй физонæг, афтæмæй сæ-иу скуывтой.

Кувæндонмæ-иу ахастой æртæ æртæдзыхоны, физонæг æмæ ирон бæгæны. Дзуары лæг-иу скуывта, стæй-иу райдыдта куывд 3 адæймагæн фынг, 3 адæймагæн фынг-афтæмæй. Куывд-иу сарæзтой цалдæргай хъæутæй иумæ. Фæсивæд-иу хъæлдзæг хъæзтытæ, кæфтытæ кодтой. Уымæй уæлдай, алчи йæ хæдзармæ хуыдта сыхæгты.

Дауджыты бон ныртæккæ бæрæг нал кæнынц.