Даредзанты таурæгътæ
Даредзанты таурæгътæ ирон фольклоры сты хицæн сæрмагонд жанр. Сæ сæйраг хъайтар Амран (Амыран) адæмы знæгтимæ бацæуы мæлæтдзаг тохы, йæ зонд æмæ йæ хъаруйы фæрцы йæ адæмæн байсы сæрибардзинад.
Ирон фыссæг æмæ фольклорист Гатуты Дзахо бирæ рæстæджы дæргъы куыста, ирон адæммæ Амыраны тыххæй цы хицæн таурæгътæ уыдис, уыдон бабæстон æмæ æмиугонд бакæныныл, стæй сæ уырыссаг æвзагмæ раивыныл. «Амыран» мыхуыргонд æрцыдис 1932 азы, ССР Цæдисы Зонæдты академийы рауагъдады[1].
Даредзанты таурæгътæ ирон адæммæ кæд фæзындысты æмæ кæцæй æрбафтыдысты, уый ничима сбæлвырд кодта. Тынг сыл зыны стыр персайнаг куырыхон поэт Фирдоусийы «Шахнаме»-йы тæваг. Уый тыххæй фыста Абайты Васо йæ зонадон куыст «Амран» «Осетинский эпос»-ы. Иннæ ахуыргæндтæ йæ бæттынц гуырдзиаг эпос «Амираниани»-имæ. Уый дæр ист у персайнаг адæмон сфæлдыстадæй[2].