Дагъистан æмæ Цæцæны имам
Внешний вид
Дагъистан æмæ Цæцæны имам у титул, кæцы æвæрдтой адæмон-сæрибарон тохы дины разамонæгыл Кавказы хæсты рæстæджы. У Цæгат Кавказы эмирады æмæ Имамады уæлдæр архайæг.
Имамтæ
[ивын | Бындур ивын]- Дагъистаны фыццæгæм имам — Гази-Мæхæмæт. У Цæгат Кавказы имамады бындурæвæрæг.
- Дагъистаны дыккæгæм имам — Хамзатбег
- Дагъистан æмæ Цæцæны æртыккæгæм имам — Шамил. Уыди 1834-1859-æм азты дæргъы Цæгат Кавказы имамады сæргълæууæг. Йæ уацары æрцахсты фæстæ Имамад фехæлдис.
- Дагъистан æмæ Цæцæны цыппæрæм имам — Алыбег-Хадзы. Уыд 1877-æм азы Цæцæн æмæ Салатавийы растады разамонæг. Архайдта Имамад ногæй рацаразыныл.