Грасиан, Бальтасар

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Бальтасар Грасиан
исп. Baltasar Gracián
Гуырæн ном исп. Baltasar Gracián
Райгуырды датæ 1601-æм азы 8 январы(1601-01-08)[1][2][3][…]
Райгуырæны бынат
Мæлæты бон 1658-æм азы 6 декабры(1658-12-06)[1][2][3][…] (57 азы)
Мæлæты бынат
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Архайды хуыз католический священник, философ, фыссæг
Уацмысты æвзаг испайнаг[5]
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Бальтасар Грасиан-и-Моралес (исп. Baltasar Gracián y Morales; райгуырдис 1601 азы, Бельмонте — амардис 1658 азы 6 декабры, Тарасонæ) — испайнаг фыссæг, философ æмæ литературæйы теоретик; уыдис католикон дины кусæг (иезуит). У бароккойы литературæйы зынгæдæр минæвæрттæй иу.

Цардафыст[ивын | Бындур ивын]

Райгуырдис Испанийы, Калатаюдæмæ хæстæг Бельмонтейы хъæуы, дохтыры бинонты. Уыдис ын æртæ æфсымæры æмæ иу хо. Фидæны фыссæджы йæ сабибонтæй цæттæ кодтой дины кусæджы карьерæмæ. 1619-æм азы Бальтасар Таррагонæйы ссис Иезуитты ордены моладзайнаг.

1623-æм азы Бальтасар Сарогоссæйы ахуыр кодта теологи. 30-аздзыдæй уый каталойнаг сахар Леридæйы амыдта «моралон теологи», 32-аздзыдæй та райдыдта амонын философийы курс валенсиаг Гандийы, иезуитты коллегийы.

Йæ литературон сфæлдыстад райдыдта 1636-æм азы, Арагоны культурон артдзæстытæй иу — Уэскуйы куы æрцардис, уæд. Уыцы ран ын радтой динамонæджы æмæ исповедничы бынат иезуитты коллигийы. Уæдæй афæдзы фæстæ мыхуыры рацыдис йæ фыццаг зынгæ уацмыс — моралон трактат «Герой». Чиныгыл цымыдисæй сæмбæлдысты канд Испанийы нæ, фæлæ Европæйы дæр. Цацæг уæды заманты иезуитты ордены уæнгтæн æнæ хицæутты барлæвæрдæй мыхуыр кæнæн нæ уыдис, уацæг Грасиан йæ уацмыс рауагъта йæ фыдыфсымæры фырт — Лоренсо Грасианы номæй.

1657-æм азы «Критикон»-ы æртыккаг хайы рацыды фæстæ, Сарагоссæйы коллегийы ректор адæмы раз скодта Бальтасарæн дзырдæфхæрд, байстой дзы кафедрæ æмæ ахуыр кæнын бар, стæй йæ ахастой Сарагоссæйæ æмæ йыл бафтыдтой епитими — афтид дон æмæ къæбæрæй цæрын. Грасианы царды фæстаг аз уыдис йедзаг æфхæрдтытæ, хъизæмæрттæ æмæ ныфссастдзинæдтæй.

Æрвитæнтæ[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. 1,0 1,1 Baltasar Gracian // Encyclopædia Britannica (англ.)
  2. 2,0 2,1 Baltasar Gracián y Morales // Энциклопедия Брокгауз (нем.) / Hrsg.: Bibliographisches Institut & F. A. Brockhaus, Wissen Media Verlag
  3. 3,0 3,1 Baltasar Gracián // Gran Enciclopèdia Catalana (кат.)Grup Enciclopèdia, 1968.
  4. LIBRIS — 2012.
  5. Bibliothèque nationale de France идентификатор BNF (фр.): гом бæрæггæнæнты платформæ — 2011.