Перейти к содержанию

Ваддах аль-Йемени

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Ваддах аль-Йемени
арабб. وضاح اليمن‎‎
Райгуырды датæ VII æнус
Мæлæты бон 708
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Архайды хуыз поэт

Ваддах аль-Йемени кæнæ Ваддах аль-Йемени (арабб. وضّاح اليمن‎‎, йæ райгуырды ном уыдис Абдул Рахман бин Исма’ил аль-Хавлани арабб. عبدالرحمن بن اسماعيل الخولاني‎‎), амардис 708 азы) уыдис араббаг поэт. Зындгонд сси йæ романтикон æмæ эротикон æмдзæвгæты руаджы. Амардтой йæ калиф аль-Валид I-ы лæгтæ, калифы усмæ æгæр хæстæг кæй уыдис, уый тыххæй. Йемены Ваддах у национ поэт.

Ваддахы иу æмдзæвгæ у ахæм:

Уый загъта: «Ма ’рбацу нæхимæ — мæ фыд тынг æхсайгæзæрдæ у».
Загътон: «Ракæндзынæн дæ, уый куы нæма зондзæн, афтæ. Мæ кард у сæрдасæнæй цыргъдæр».
Уый загъта: «Гæнах ис не ’хсæн».
Загътон: «Мæ тырыса гæнахы сæрмæ пæр-пæр кæндзæн».
Уый загъта: «Фурд ис не ’хсæн».
Загътон: «Дæн дæсны ленкгæнæг».
Уый загъта: «Мæ авд æфсымæры хъахъхъæнынц мæ».
Загътон: «Уыдон æмдых дæн».
Уый загъта: «Аллах нæм кæсы».
Загътон: «Мæ Хицау у Хатырджын æмæ Тæригъæдгæнаг».
Уый загъта: «Дзырдтæ мæм нал ис. Æрбацу-иу ахсæв, иууылдæр сæ фынты куы ленчытæ кæной, уæд. Æмæ мыл æрхау сæууон æртæхау, æвæлмонæй».

Литературæ

[ивын | Бындур ивын]
  • Алмазова А., Шумовский Т. А., Фильштинский И. М. В. А. Эберман и его поэма о Ваддахе аль Йемени // Восток. 1993. № 2. С. 121-125 (уырыс.)
  • Ваддах. Венок сонетов // Восток. 1993. № 2. С. 125-130 (уырыс.)
  • Садыхова А. А. В. А. Эберман и его работы о Ваддахе ал-Йемен // Восток. 1994. № 6. С. 88-92 (уырыс.)