Перейти к содержанию

Академи делла Крускæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Академи делла Кру́скæ (итал. Accademia della Crusca) у, йе сконды италиаг æвзаджы лингвистикæ æмæ филологийы къабазы дæснытæ æмæ эксперттæ кæмæн ис, уыцы академион уагдон Италийы. Ис дзы 15 уæнджы. Уыдонæй æппынкъаддæр æхсæз хъуамæ уой, Академийы штаб-фатер кæм ис, уыцы Флоренцийы цæрджытæ. Академийы 15 уæнгæй фæстæмæ ма гæнæн ис æмæ дзы уа ассоциацигонд 15 италиаг корреспонденты æмæ 15 фасарæйнаг корреспонденты.

Райдианы Академи делла Крускæ у Италийы тæккæ нымаддæр æвзагзонынадон уагдон. Уагдон арæзт æрцыдис Флоренцийы 1583-æм азы, æмæ райдианы йын нæ уыдис официалон статус. Йæ саразджыты нысан уыдис бахъахъхъæнын италиаг æвзаджы сæрысуангон сыгъдæгдзинад. 1612-æм азы Академи ныммыхуыр кодта Vocabolario degli Accademici della Crusca — италиаг æвзаджы фыццаг дзырдуат. Ацы чиныг фæцис францаг, испайнаг, немыцаг æмæ англисаг æвзæгты фæзминаг лексикографион дæнцæг.

Академи делла Крускæ сæхгæдæуыд 1783-æм азы, 1811-æм азы та йæ Наполеон Бонапарт ногæй байгом кодта. Уагдоны бæрны уыдис «ногæй бакусын италиаг æвзаджы дзырдуатыл æмæ цæст дарын йæ сыгъдæгдзинадмæ». Паддзахы нысан уыдис, йæ хойæн кæй бабар кодта, уыцы герцогад Тосканæйы æнæбарвæндæй сфидар кæнын францаг æвзаг. 1809-æм азы 9 апрелы кæй рауагъта, йæ уыцы декретæй Наполеон ратта тоскайнæгтæн сæхи æвзагыл дзурыны бар. Уыцы декреты фыстæуыд, зæгъгæ, «италиаг æвзагæй Тосканæйы ис пайдагæнæн францаг æвзаджы æмрæнхъ трибуналты, нотариалон актты æмæ приватон гæххæттыты». Декреты ма фидаргонд цыдис, йæ бæрц 500 наполеоны кæмæн уыдаид, ахæм æрвылазон преми. Лæвæрд та цыдаид «сæ куыстытæй италиаг æвзаджы сыгъдæгдзинад бахъахъхъæнынæн тæккæ ахадгæдæр хайбавæрд чи скæндзæн, уыцы автортæн».