Аврорæ (бæхджын центр)

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Бæхджын центр «Аврорæ»бæхты спорты центр Сыктывкары, йæ куысты нысан у иппотерапийæ дзæбæх кæнын æмæ бæхты спорт инвалидты ’хсæн парахат кæнын. Центр бындурæвæрд æрцыд 2003-æм азы.

Инвалидтæн дзы лæггад кæнынц лæварæй, кæнæ нымайынц аргъыл ныййарджыты æмæ сабион инвалидты интернаты лæггæдтæй (интернат фервиты центрæн халсартæ, хос бæхтæн æмæ цæрæгойтæм зилынмæ аккаг исты зæронд дзаума). Центр йæ æфтиаг исы бæхтæ уæй кæнынæй æмæ æнæниз адæмæн пони æмæ бæхтæ хаццон дæттгæйæ.

Центры проблемæтæй иу у манежæй цухдзинад, ахæм уавæр ын нæ дæтты, аргъ чи исы, ахæм конкурентты фæстæ фæуадзын, æмæ æхцайы фæрæзты цухдзинад инвалидты стыр нымæцы раз.

2013-æм азы райдианы центры нымад цыд 13 бæхы, 7 пони æмæ 1 теуа æмæ хæрæг. Майрæмы мæйы 2013-æм азы баисты 33 бæхы, 5 пони, 3 саджы æмæ теуайы (лæппынты æддæ)[1].

2013 азы организаци дзæбæх кодта 30-50 алыхузон кары инвалидты.

Истори[ивын | Бындур ивын]

Центр арæзт æрцыд 2003-æм азы Наталья Денисовайы хæдзары зылд бынтыл.

2013-æм азмæ огранизаци сарæзта дыууæ ерысы бæхон спортæй къæхты æмæ зондæй хъыгдард инвалдтимæ (фыццаг ерысы хайад истой 6 инвалиды, дыккаджы та — 17). Фыццаг ерыс уыди 2008-æм азы[2]. Уымæй уæлдай ма центры нивалидтæ архайдтой мæскуыйаг ерысты, кæцыты цыппар хатты бацахстой дыккаг бынаттæ, дыууæ хатт та — æртыккаг. Костромайы цы Уæрæсейаг Первенствæйы бæхон спорты ерыс цыд, уым Наталья Денисова бацахста фыццаг бынат.

Майрæмы мæйы 2013-æи азы центр райста хайад Сыктывкары сахары ерысты бæхты спортæй[1].

Критикæ[ивын | Бындур ивын]

2012-æм азы Полина Моковозова информацион портал «Красное знамя»-йы интервьюйы хъаст кодта, «Аврорæ» йæ бæхты æвзæр уавæрты кæй дары, бæлвырд зæгъгæйæ та, дыууæ бæхы дары иу денниккы [3].

Литературæ[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. 1,0 1,1 В Сыктывкаре стартовало городское первенство по конному спорту, БНК, 9 августа 2013. Фæстаг фенд 2015-04-29.
  2. 1 августа в м.Давпон в конном центре «Аврора» состоялось первенство ФСКИ «Вега» по конному спорту среди инвалидов., Агентство Республики Коми по физической культуре и спорту, 5 августа 2008. Фæстаг фенд 2015-04-29.
  3. Полина Моковозова: «Я поклялась никогда больше не садиться на лошадь», Красное знамя, 23 июля 2012. Фæстаг фенд 2015-04-29.