Æвзаг у, æфсад æмæ флот кæмæ ис, ахæм диалект
Внешний вид
«Æвзаг у, æфсад æмæ флот кæмæ ис, ахæм диалект» — æвзаг æмæ диалекты ’хсæн цы хицæндзинад ис, уый чи æмбарын кæны, ахæм афоризмтæй сæ зындгонддæртæй иу. Ацы ныхасы амынд цæуы, иу кæнæ иннæ ныхасыздæхт æвзаг æви æрмæст диалект у, уый бæрæггæнæг фактортæй политикон фактор сæ тæккæ ахсджиагдæртæй кæй у.
Фразæ зындгонд сси, америкаг лингвист Макс Вейнрейх 1945-æм азы уымæй куы спайда кодта, уæдæй. Вейнрейх æй загъта дзуттаг æвзагыл (идишыл) Дзуттаг иртасæнты институты æрвылазон конференци гом кæнгæйæ.