Хадзы-Мурат

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Хадзы-Мурат
ХIажи-мурад
Райгуырдис 1818(1818)
Хунзахъы хъæу, Солыйы ханад
Амардис 1852-æм азы 5 майы(1852-05-05)
Ныгæныны бынат Йæ ингæны бынат бæрæг нæу, фæлæ йæ сæрыкæхц æрфыстимæ «Хаджи-Мурат аварский» ис Эрмитажы[1].
Дин пысылмон дин
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Хадзы-Мурат (сол. ХIажи Мурад. Амардис 1852-æм азы 5-æм майы) у Имам Шамилы æртыккаг наиб, солыйы ханты æмдзидзи, райгуырд Хунзахъы (Дагъистан).

У хохæгты разамонджыты ’хсæн сæрæндæр æмæ зындгонддæртæй иу. У Лев Толстойы уац «Хадзымураты» персонаж.

Йæ фæндаг райдайы 1834-æм азы, йе ’мдзидзи Османы Дагъистан æмæ Цæцæны дыккаг имам Хамзатбеджы ныхмæ сусæгвæнды куы сархайдта, гъе уæд. Стæй та сси зынгæ фидауæг солиаг адæм æмæ Уæрæсейы æфсæдты ’хсæн. 1836-æм аз Хадзымурат азымджынгонд æрцыдис Шамилимæ сусæг бастдзинæдтæ кæй дардта, уымæй æмæ уый охыл инæлар Клюки-фон-Клугенауы бардзырдмæ гæсгæ йæ æрцахстæуыд, уый фæстæ йæ арвыстой Темырхъан-Шурамæ, фæлæ уырдыгæй алыгъдис, къæдзæхæй агæпп кодта, афтæмæй. Бирæ историктæ æнхъæлынц æмæ Хадзы-Мурат тох кодта Шамилы ныхмæ, фæлæ афтæ нæу.

Уый уыд Шамилы наибтæй тæккæ хуыздæр æмæ йын лæггад кодта суанг йæ мæлæты онг.

Уырыссæгтæ йæм зæрдæхсайгæ ахаст кæй дарынц, уый уынгæйæ Хадзы-Мурат афæлвæрдта алидзын хæхбæстæм, фæлæ амардис хъазахъхъæгты ныхмæ тохы Нухайы хъæумæ ’ввахс (Азербайджан).

Хадзымурат уыд хохæгты разамонджытæй тæккæ легендарон æмæ хъæбатыр архайæг.

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

Æрмæг[ивын | Бындур ивын]