Франк, Леонгард

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Леонгард Франк
нем. Leonhard Frank
Райгуырды датæ 1882-æм азы 4 сентябры(1882-09-04)[1][2][3][…]
Райгуырæны бынат
Мæлæты бон 1961-æм азы 18 августы(1961-08-18)[4][1][2][…] (78 азы)
Мæлæты бынат
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Архайды хуыз сценарист, драматург, фыссæг
Жанр прозæ[d]
Уацмысты æвзаг немыцаг[1][7]
Хорзæхтæ
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Леонгард Франк (нем. Leonhard Frank) у немыцаг фыссæг. Райгуырдис сахар Вюрцбурджы 1882-æм азы 4-æм сентябры. Фæзиан ис Мюнхены 1961-æм азы 18-æм августы.

Цардафыст[ивын | Бындур ивын]

Леонард Франк райста аивадон ахуыр Мюнхены. Йæ ахуыры сæр уыди нываивад æмæ графикæ. Суанг ма рауагъта литографиты альбом 1913-æм азы. Франк уыди пацифизмдзаст адæймаг æмæ уый тыххæй Фыццаг дунеон хæсты нæ архайдта æмæ алыгъди фæсарæнмæ. 19151918-æм азты фæцарди Швейцарийы. Уым фыссæг рауагъта, «Адæймаг хорззæрдæ у», зæгъгæ, уыцы чиныгмæ чи бацыди, ахæм антихæстон новеллæты цикл, æмæ 1920-æм йæ схорзæхджын кодтой Клейсты номыл премийæ. Берлинмæ раздæхыны фæстæ Леонард Франк кодта сæрибар артисты цæрдтытæ, профессийæн та равзæрста фыссæджы архайд. 1933-æм азы литераторы ногæй бахъуыди бафснайын йæ сæр фæсарæнты. Франк алыгъди Францмæ. Немыцаг æфсад уырдæм куы бацыди, уæд ацыд АИШ-мæ. Америкæйы фæцарди суанг 1950-æм азмæ. Уыцы аз фыссæг раздæхти йæ райгуырæн бæстæм.

Экспрессионизмы тæвагæй фыссæг йе ’ргом здæхта æхсæнадон темæтæм дæр. Суанг ма йæ фыццаг роман «Абырджытæ»-йы ирдæй райхъуысти æхсæнадон ахастыты критикæ.

Франкы пацифистон зондахаст æвдыст æрцыд, «Адæймаг хорззæрдæ у» чи хуыйæ радзырдты æмбырдгонд, зæгъгæ (1918). Литераторы æмдугонтæн ацы чиныг сси хæсты ныхмæ манифест. Паддзахад радзырдты æмбырдгонд уæй æмæ хæлиу кæныны бар нæ радта, фæлæ уæддæр ацы чиныг æмæ уацау «Аххосаг»-æн аккаг аргъ счынди — фыссæг сси Клейсты номыл премийы лауреат. Франкæн хæстæг уыди æнæкълас æхсæнады идейæ, стæй, йæ бындур ног æгъдауджын удгоймаг кæмæн уыди, ахæм æфсымæрдзинад.

Сфæлдыстад[ивын | Бындур ивын]

Леонард Франк у бирæ романтæ, новеллæтæ, киносценаритæ, пьесæтæ æмæ очеркты автор. Фыссæджы уацмысты миниуджытæ сты: хæрзаив арæзт композици, «сойджын» æвзаг, тыхджын эмоцитæй ифтыгъд уавæртæ[кæцæй ист у?].

Йæ уацмысты зындгонддæртæ сты романтæ «Буржуа» (1924), «Оксенфурты нæлгоймæгты квартет» (1927), «Æртæ милуанæй æртæ гоймаджы» (1932), «Матильдæ» (1948), «Йесойы ахуыргæнинæгтæ» (1949), уацау «Михаэлы æрбаздæхт» æмæ æндæртæ.

Йе ’взонджы бонты хабæрттæ Франк радзырдта «Галиуырдыгæй, зæрдæ кæм ис, уым» (1952), зæгъгæ, уыцы автобиографион чиныджы.

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]