Ос-Бæгъатыр: различия между версиями

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Содержимое удалено Содержимое добавлено
Sawbaræg (ныхас | бавæрд)
Нет описания правки
Метка: Ссылки на неоднозначности
Sawbaræg (ныхас | бавæрд)
Рæнхъ 17: Рæнхъ 17:


== Ос-Бæгъатыр æмæ Нузалы аргъуан ==
== Ос-Бæгъатыр æмæ Нузалы аргъуан ==
1946-æм азы уырыссаг археолог [[Пчелина, Евгения Георгийы чызг|Е.Г. Пчелина]] [[Нузалы аргъуан]]ы ракодта иртæсæн куыстытæ. Куыстыты дæргъы йæ астæрды бын ссардтой 40-45 аздзыд лæджы ингæн. Лæгимæ баныгæдтой дыууæ карды, æртæ ронон зилаччы, æмæ æфсæйнаг зынггæнæн. Пчелина афтæ æнхъæлдтæ, уый Дауыт-Сосланы ингæн кæй у, уый. Йемæ гæсгæ уый йæ райдианы уыдис хуымæтæг зæппæдз, фæлæ фæстæдæр гуырдзиæгтæ уымæй аргъуан сарæзтой, сæ стырдæр æфсадты хицауы ингæны бынатыл.<ref>Реком, Нузал и Царазонта. Кузнецов В.А. Издательство «Ир». Владикавказ. 1990.</ref><ref>Пчелина Е. Г. Ossetica. Избранные труды по истории, этнографии и археологии осетинского народа. — Владикавказ, 2013. — С. 28.</ref>
1946-æм азы уырыссаг археолог [[Пчелина, Евгения Георгийы чызг|Е.Г. Пчелина]] [[Нузалы аргъуан]]ы ракодта иртæсæн куыстытæ. Куыстыты дæргъы йæ астæрды бын ссардтой 40-45 аздзыд лæджы ингæн. Лæгимæ баныгæдтой дыууæ карды, æртæ ронон зилаччы, æмæ æфсæйнаг зынггæнæн. Пчелина афтæ æнхъæлдтæ, уый Дауыт-Сосланы ингæн кæй у, уый. Йемæ гæсгæ уый йæ райдианы уыдис хуымæтæг зæппæдз, фæлæ фæстæдæр гуырдзиæгтæ уымæй аргъуан сарæзтой, сæ стырдæр æфсадты хицауы ингæны бынатыл.<ref name="Кузнецов">Реком, Нузал и Царазонта. Кузнецов В.А. Издательство «Ир». Владикавказ. 1990.</ref><ref>Пчелина Е. Г. Ossetica. Избранные труды по истории, этнографии и археологии осетинского народа. — Владикавказ, 2013. — С. 28.</ref>


Фæстæдæр уыцы аргъуаны йæ куыст райдыдта уырыссаг археолог [[Кузнецов, Владимир Александры фырт|Владимир Александры фырт Кузнецов]]. Кузнецов равдиста, ацы аргъуан 13-æм æнусы кæроны кæнæ 14-æм æнусы райдианы кæй самадтой, уый, Дауыт-Сосланы амæлæты бирæ азты фæстæ, æмæ уымæ гæсгæ тæрхон рахаста, уый Дауыт-Сосланы нæ, фæлæ Ос-Бæгъатыры ингæн кæй у.<ref>Реком, Нузал и Царазонта. Кузнецов В.А. Издательство «Ир». Владикавказ. 1990.</ref>
Фæстæдæр уыцы аргъуаны йæ куыст райдыдта уырыссаг археолог [[Кузнецов, Владимир Александры фырт|Владимир Александры фырт Кузнецов]]. Кузнецов равдиста, ацы аргъуан 13-æм æнусы кæроны кæнæ 14-æм æнусы райдианы кæй самадтой, уый, Дауыт-Сосланы амæлæты бирæ азты фæстæ, æмæ уымæ гæсгæ тæрхон рахаста, уый Дауыт-Сосланы нæ, фæлæ Ос-Бæгъатыры ингæн кæй у.<ref name="Кузнецов"></ref>


Нузалы аргъуаны, ингæны йеддæмæ, нынныв уыдысты фрескæтæ æмæ цалдæр уæлфысты. Сæ иу, фрескæты бын, гуырдзиаг мхедреули абетæй фыст, дæтты нам фрескæты авторы ном — уый уыдис чидæр, йæ ном Вола Тлиаг кæмæн уыди.<ref>Реком, Нузал и Царазонта. Кузнецов В.А. Издательство «Ир». Владикавказ. 1990.</ref>
Нузалы аргъуаны, ингæны йеддæмæ, нынныв уыдысты фрескæтæ æмæ цалдæр уæлфысты. Сæ иу, фрескæты бын, гуырдзиаг мхедреули абетæй фыст, дæтты нам фрескæты авторы ном — уый уыдис чидæр, йæ ном Вола Тлиаг кæмæн уыди.<ref name="Кузнецов"></ref>


Æндæр уæлфыст дзы у 9-рæнхъон эпитафи. Йæ текст мах рæстæгмæ нæ аирвæзт: куыд æнхъæлынц, гуырдзиаг сауджын Николай Самарганов йæ фесафта. Фервазтысты æрмæст 19-æм æнусы мыхуыры чи рацыдысты, ахæм тæлмæцтæ: М.Броссейы францаг талмац æмæ А.Головины уырыссаг тæлмæц, стæй та йæ мыхуырмæ рауагъдтой А.С. Хаханов, М.Г. Джанашвили, В.Б. Пфафф æмæ Бутаты А. Уыцы тæлмæцтæ кæрæдзийæ хицæн кæнынц куыд сæ формæтæй, афтæ сæ мидисæй дæр. Адонæй йæ оригинал ничи федта æмæ иууылдæр пайда кодтой æнæбæрæг адæймæгæй ист къопийæ.
Æндæр уæлфыст дзы у 9-рæнхъон эпитафи. Йæ текст мах рæстæгмæ нæ аирвæзт: куыд æнхъæлынц, гуырдзиаг сауджын Николай Самарганов йæ фесафта. Фервазтысты æрмæст 19-æм æнусы мыхуыры чи рацыдысты, ахæм тæлмæцтæ: М.Броссейы францаг талмац æмæ А.Головины уырыссаг тæлмæц, стæй та йæ мыхуырмæ рауагъдтой А.С. Хаханов, М.Г. Джанашвили, В.Б. Пфафф æмæ Бутаты А. Уыцы тæлмæцтæ кæрæдзийæ хицæн кæнынц куыд сæ формæтæй, афтæ сæ мидисæй дæр. Адонæй йæ оригинал ничи федта æмæ иууылдæр пайда кодтой æнæбæрæг адæймæгæй ист къопийæ.

Фæлтæр 11:10, 5 декабры 2021

Ос-Бæгъатыр[1] у ирон адæмы национ хъайтæр, аллон паддзахады уæзданлæг, æфсаддон раздзог æмæ, ирон тæурæгътæм гæсгæ,, æхсæз рагон ирон мыггæгты къабазтæн сæ фыдæл: Цæразонтæн, Сидæмонтæн, Кусæгонтæн, Цъæхилтæн, Æгъуызатæн æмæ Тидлатæн.[2]

1290-1300 æзты Ос-Бæгъатыр æмæ йæ бал тыхæй райстой гуырдзиаг фидар Гур æмæ, ирон историктæм гæсгæ, райдыдтой дзы алайнаг паддзахад рацаразын. Фæлæ цын уый нæ бантысти: 1306-æм азы Ос-Бæгъатыр амард. 1326-æм азы, 20 азы йæ амæлæты фæстæ, гуырдзиаг паддзах Георги V Æрттивæг, йæхæдæг Гуырдзыстоны паддзахад манголты къухæй фехæлды фæстæ-иу чи рацаразта, Гуры фидармæ ныббырста, алайнаг æфсад фæцагъдта æмæ уыцы зæхх фæстæмæ Гуырдзыстоны скондмæ райста.

Ирон тæурæгътæм гæсгæ Ос-Бæгъатыры ингæны бынат у Нузал. Йæ хæцæнгарз та бирæ азты дæргъы уыдис Рекомы, стæй уырдыгæй йæ ахæсстой Алагиры районы бæстæзонады музеймæ, фæлæ 1942-æм азы, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг, уырдыгæй йæ чидæр радавдта[3].

Ос-Бæгъатыры хабар гуырдзиаг азгайфыстыты

Картлис цховреба афыссы йæ цард афтæ. Манголты ныббырсты рæстæджы, Гуырдзыстоны паддзахад сæ дæлбæр куы сси, уæд «Дербенты къулдуары фæстæ» рацыдысты гуырдзиаг паддзах Деметре II-æм алайнаг лигъддонтæ. Сæ радздзог уыдис сылгоймаг Ламечав, йемæ уыдысты «Ахасарфакиани»-йы мыггагæй сывæлæттæ: Бæгъатыр æмæ Фареджан. Фареджан уыдонæй уыд сæ хистæр, æмæ гуырдзиаг æзгайфыстытæ хонынц йæ «ирон паддзахы фырт». Паддзах сæ рарвыста манголты хицау Уло-ханмæ. Уло цын цæрыны бар радта, æмæ афтæ фæстæмæ паддзахмæ рарвыста. Паддзах сæ æрцæрын кодта йæ сæйраг сахары, стæй Дманис æмæ Жинованийы.

1289-æм азы Деметре II-ы манголты бардзырдмæ гæсгæ мæлæтæй бафхæрдтой, Аргун-ханы ныхмæ сусæгвæнды уæнг кæй уыди, уый тыххæй. Йæ фырт Вахтанг III сси Гуырдзыстоны паддзах, фæлæ гуырдзиаг уæздæттæ райдыдтой паддзахы бынаты тыххæй быцæу кæнын, æмæ алайнæгты раздзог Фареджан слæууыд Деметрейы æндæр фырт Давиды фарсмæ. 1292-æм азы Вахтанг амард æмæ Давид сси Гуырдзыстоны паддзах Давид VIII-æмы номæй, æмæ Кетагу, манголты фæтаг, бардзырд йын радта бердзенаг сахар Тунгузало тыхæй райсын, йæ иузæрдыгдзинад равдисынæн. Фареджан паддзахимæ хæстмæ ацыд, æмæ уыцы рæстæджы Картлийы цæрæг ирæттæ райдыдтой дзы бынæттон гуырдзиæгты хъыгдарын, æмæ Гуры сахар сæхимæ райстой. Картлийы ерыстауы фырт Хамада æфсад сæмбырд кодта æмæ Гур æрхъулы кодта. Бирæ ирæттæ æмæ гуырдзиæгтæ дзы кæрæдзийы фæцагъдтой, æмæ уæд ирæттæ манголты æххуыс бафæрстой. Манголтæ цын æфсад рарвыстой æмæ знæгтæ сабырдзинадыл бадзырдтой. Фæлæ азгайфысты автор баффипайдта, уыцы рæстæгæй ирæттæ æмæ гуырдзиæгтæ фыдызнæгтæ кæй систы, уый. Фыдызнæгтæ кæй систы, уый азгайфыст дарддæр æвдисы ахæм эпизодæй: ирæтты бал Тбилисмæ базар кæнынмæ рацыдысты, фæлæ дзы цын гуырдиагтимæ хæцт рæцыд æмæ гуырдзиаг уæзданлæг, Ратъи йæ ном уыд, й’ адæмимæ дыууæ ироны амардта: Сахтис æмæ Узурабеджы.

1300-æм азмæ æввæхс Фареджаны бынат Бæгъатыр райста — æвæццæгæн, Фареджан кæй амард, уый тыххæй. Уыцы рæстæгмæ паддзах Давид йæ мангойлаг хицæуттимæ быцæу кæнын райдыдта, манголтæ Гуырдзыстонмæ стыр æфсад рарвыстой æмæ гуырдзиаг уæздæттæ ногæй дæр райдыдтой паддзахы бынаты тыххæй кæрæдзийцы цæгъдын. Уыцы рæстæджы Бæгъатыр цæдис скодта Шалва Квениплевелиимæ — «гадзрахат», кæцы мангойлаг хицау Хуглубугъайы фарс хæцыд — æмæ-иу райдыдта йæ Гуры фидарæй Картли æмæ Триалеты зæххыл лæбурын, гуырдзиаг азнаурты сæ зæххытæй-иу сурын æмæ цалдæр фидары тыхæй райста, се ’хсæн Дзамийы фидар. Азгайфыст дæтты, Бæгъатыры ныхмæ чи хæцыд, уыцы уæздæтты нæмттæ — Хамад Сурамели æмæ Ратъи (Тбилисы базары ирæтты чи амардта, уыцы уæздан). Стæй Бæгъатыры ныхмæ рацыд Картлийы ерыстау Бека. Бека æмæ Бæгъатыры æфсадты хсæн хæцт рацыд, æмæ Бека дзы фæуæлахиз. Бæгъатыр Дзамийы фидармæ алыгъд, æмæ Бека йæ æрхъулы кодта, рамбулдта æмæ Бæгъатыры йæ уацары амардис[4][5].

Уымæ нæкæсгæйæ, Гуры фидар чи райстой, уыцы ирæттæ дзы цардысты æмæ хицауиуæг кодтой ноджы 20 азы дæргъы, æмæ 1326-æм азы Картлийы ног паддзах, Георги V Æрттивæг, Гуырдзыстон ногæй баиу кодта æмæ Гуры фидар райста æмæ ирæтты фæстæмæ хохмæ асырдта.

Ос-Бæгъатыр æмæ Нузалы аргъуан

1946-æм азы уырыссаг археолог Е.Г. Пчелина Нузалы аргъуаны ракодта иртæсæн куыстытæ. Куыстыты дæргъы йæ астæрды бын ссардтой 40-45 аздзыд лæджы ингæн. Лæгимæ баныгæдтой дыууæ карды, æртæ ронон зилаччы, æмæ æфсæйнаг зынггæнæн. Пчелина афтæ æнхъæлдтæ, уый Дауыт-Сосланы ингæн кæй у, уый. Йемæ гæсгæ уый йæ райдианы уыдис хуымæтæг зæппæдз, фæлæ фæстæдæр гуырдзиæгтæ уымæй аргъуан сарæзтой, сæ стырдæр æфсадты хицауы ингæны бынатыл.[6][7]

Фæстæдæр уыцы аргъуаны йæ куыст райдыдта уырыссаг археолог Владимир Александры фырт Кузнецов. Кузнецов равдиста, ацы аргъуан 13-æм æнусы кæроны кæнæ 14-æм æнусы райдианы кæй самадтой, уый, Дауыт-Сосланы амæлæты бирæ азты фæстæ, æмæ уымæ гæсгæ тæрхон рахаста, уый Дауыт-Сосланы нæ, фæлæ Ос-Бæгъатыры ингæн кæй у.[6]

Нузалы аргъуаны, ингæны йеддæмæ, нынныв уыдысты фрескæтæ æмæ цалдæр уæлфысты. Сæ иу, фрескæты бын, гуырдзиаг мхедреули абетæй фыст, дæтты нам фрескæты авторы ном — уый уыдис чидæр, йæ ном Вола Тлиаг кæмæн уыди.[6]

Æндæр уæлфыст дзы у 9-рæнхъон эпитафи. Йæ текст мах рæстæгмæ нæ аирвæзт: куыд æнхъæлынц, гуырдзиаг сауджын Николай Самарганов йæ фесафта. Фервазтысты æрмæст 19-æм æнусы мыхуыры чи рацыдысты, ахæм тæлмæцтæ: М.Броссейы францаг талмац æмæ А.Головины уырыссаг тæлмæц, стæй та йæ мыхуырмæ рауагъдтой А.С. Хаханов, М.Г. Джанашвили, В.Б. Пфафф æмæ Бутаты А. Уыцы тæлмæцтæ кæрæдзийæ хицæн кæнынц куыд сæ формæтæй, афтæ сæ мидисæй дæр. Адонæй йæ оригинал ничи федта æмæ иууылдæр пайда кодтой æнæбæрæг адæймæгæй ист къопийæ.

Æппæтæй рагондæрæй æнхæлынц М. Г. Джанашвилийæ конд тæлмæц: уый йæ сарæзта Вахушти Багратионийы къухфысты ссардæуыд æмдзæвгæйæ. Йæ тæлмæцы афтæ уыд:

«Мах уыдыстæм фæраст æфсымары Чарджонидзе-Чархилатæ, ирæттæ: Бæгъатыр, Дауыт-Сослан — цыппар паддзахады ныхмæ чи тох кодтой; Пидарос, Джадарос, Сакур æмæ Георги, тасуадзæгæй се знагыл чи цыдысты; Не фсымартæй æртæ та — Исаак, Романоз æмæ Басили — Чырыстийы иузæрдион цæгъартæ систы. Мах хъахъхъæнæм, цыппар къуымтæй чи цæуынц, ахæм нарæг фæндæгтæ. Касарты мæм галуан æмæ арæнгæсуат ис, æмæ уым хъæхъхъæнын Хидийы дуартæ. Мæрдты бæстæ мæ уырны, æмææ афтæ ацы дунейы фидарæй лæууын: зæринхæссаг зæхх æмæ æвзист мæм донау бирæ ис. Кавказ æз басæттон, цыппар паддзахады ныхмæ тох кодтон æмæ гуырдзиаг паддзахы хо раскъæфтон, мах æгъдауææ гæсгæ. Уый мæ баййафта, мæнгардæй мыл рацыд æмæ мæ тæригъæд йæхимæ райста: Бæгъатыры дон ахаста, ирæтты æфсад та быныскъуыд фæци. Сымахæй ацы æмдзæвгæ чи фена, уый мын рухсаг зæгъæд».

Уый феддæмæ Кузнецов ссардта æмдзæвгæйы æндæр верси архивон къухфыст «Записка сословных отношений в Осетинском и Ингушевском округах»-ы. Ныффыстой йæ 1860-æм азы, дæлбулкъон Карягины къухавæрд дзы ис. Уыцы къухфысты ацы æмдзæвгæ ахæм у:

1) Мах уыдыстæм 9 æфсымары Царæзонтæ-Цъахилтæ: Ос-Бæгъатыр, Дауыт æмæ Сослан, 4 паддзахады ныхмæ чи тох кæнынц.

2) Фидароз, Долароз, Сокур—Георги, се знагтыл алгъимæ чи кæсынц.

3) Мах æфсымæртæ Исаак, Романоз æмæ Басил, Чырыстийы хорз цагъартæ систы.

4) Цыппар къуымты мах дарæм Нарæг фæндæгты ацауæнтæ.

5) Къасарайы мæм фидар æмæ арæнгæсуат ис, уым дарын хиды дуæртæ, фидæныл ныфс дарын, абоны бон дзæбæх дæн.

6) Сыгъзæрин æмæ æвзист æрзæттæ Донау бирæ мæм сты.

7) Кавказæгты басæттон, цыппар паддзахады знæг систон.

8) Гуырдзиаг батъонийæн йæ хо раскъæфтон, мæ мыггаг нæ ныууагътон; аййæфта мæ, мæнгардæй мыл рацыд, йæ тæригъæд мыл сæвæрдта.

9) Бæгъатыр доны амард, ирæтты æфсад быныскъуыд фæци.

Зындгонд ирон поэт Хъодзаты Æхсар та йæ ирон æвзагмæ раивта аивадон тæлмацæй:

Мах, Цæразон гуырдтæ — фараст, иу артæй уыдыстæм уæрст.

Ос-Бæгъатыр æмæ Сосо уарзтой кады мæлæт, хæст. Уыд Фидар æмæ Дзадарæн се знаг къæхты бын ыссæст, Тых, лæджыхъæдæй, æхсарæй уыд Джиуæрджи дæр æххæст.

Уæд Исахъ æмæ Романæн дардыл айхъуысти сæ кой, Стæй Басылæн дæр — зæрдæйæ уыдон Йесомæ куывтой. Скодтон Къасарайы фидар — знæгтæ нал зыдтой æнцой. Уыд цыппар комы нæ къухы, илци бæлццæттæ фыстой.

Ам æрзæтрæдзæгъдтæ — ме ’вджид, ам æвидигæ — мæ ис: Ис дзы донарæхæн алцы — уæд сызгъæрин, уæд æвзист. Æз Кавказы хохæн — йе ’лдар, кад дæр, ном дæр мын уыдис, Æз цыппар паддзахæн — се ’мсæр, семæ сарæзтон цæдис.

Иу чызг раскъæфтон Гуырдзыйæ: хуртæ, мæйтæн уыд æрвад. Чызгæн йе ’фсымæр та — паддзах, уый мын фехæлдта мæ цард. Оххай, рацыди мыл сайдæй, оххай, разынди мæнгард: Бабын Ос-Бæгъатыр доны, йе ’фсад — царæфтыд, бындзагъд.

А фыст чи кæса сымахæй, уый-иу, «рухсаг ут» зæгъæд.

Ос-Бæгъатыр æмæ ирон культурæ

Гæдиаты Цомахъ ныффыста, ирон литературæйы фыццаг æмдзæвгæтæй фыст историон драмæ чи уыд, ахæм пьесæ «Ос-Бæгъатыр». Уый рухс федта 1929-æм азы. Йæ уацмысы Цомахъ фæлдæр æвдисы хæст нæ, фæлæ адæм æмæ æлдæртты быцæу.

Цæгат Ирыстоны тæрхон кæнынц Ос-Бæгъатырæн цырт сæвæрыны хъуыддаджы тыххæй, Аланийы дзуæрттæ бафтæуыны 1100-æм азы бæрæгбоны фæдыл. Конкурс расидтой, сæрмагонд спонсорты ссардтой.[8] Сæ фæнд у Сæрибардзинады фæзуатыл йæ сæвæрын, Дзæуджыхъæуы.

Фиппаинæгтæ

  1. Абайты Васо. Ирон æвзаджы историон-этимологион дзырдуат. II том. ССРЦ-ы Зонæдты Академийы рауагъдад. Ленинград, 1973.
  2. Е. Г. Пчелина «Местность Уаллагир и шесть колен рода Осибагатара»
  3. http://sevosetia.ru/Article/Index/115881
  4. Картлис цховреба. История Грузии — Тбилиси, издательство Артануджи, 2008. — 456 с.
  5. Augusti Alemany — Sources on the Alans: A Critical Compilation. — Brill, 2000.
  6. 6,0 6,1 6,2 Реком, Нузал и Царазонта. Кузнецов В.А. Издательство «Ир». Владикавказ. 1990.
  7. Пчелина Е. Г. Ossetica. Избранные труды по истории, этнографии и археологии осетинского народа. — Владикавказ, 2013. — С. 28.
  8. https://sputnik-ossetia.ru/North_Ossetia/20180207/5775081.html