Ибери (паддзахад): различия между версиями

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Содержимое удалено Содержимое добавлено
Sawbaræg (ныхас | бавæрд)
Ног фарс, йæ код райдайы афтæ: «'''Ибери''' кæнæ '''Кавказы Ибери''' уыдис нырыккон Гуырдзыстоны скæсæйнаг хайы чи уыдис, уыцы рагон паддзахады ном рагон грекъаг æмæ ромаг ратæдзæнтæм гæсгæ. XI-æм æнусы фыст гуырдзиаг азгайфыстытæ ацы бæстæйæн Картлийы ном-иу дæттынц,...»
(хицæндзинæдтæ нæй)

Фæлтæр 11:26, 18 ноябры 2021

Ибери кæнæ Кавказы Ибери уыдис нырыккон Гуырдзыстоны скæсæйнаг хайы чи уыдис, уыцы рагон паддзахады ном рагон грекъаг æмæ ромаг ратæдзæнтæм гæсгæ. XI-æм æнусы фыст гуырдзиаг азгайфыстытæ ацы бæстæйæн Картлийы ном-иу дæттынц, æмæ-иу æнхъæлынц йæ æстæузаманы Картлийы паддзахады рагондæр формæйыл. Иберийы ныгуылæн сыхæг уыди Колхидæйы паддзахад.

Ибери бындуравæрдæуыд йæ фыццаг паддзах Фарнавазæй, персиг дæлбарæй йæ хицауиуæг чи райдыдта æмæ адоны ныхмæ растад æрлæууын кæнгæйæ хæдбар кæнæ æрдæг-хæдбар сси. Уый фæстæ дзы хицауиуæг кодтой цалдæр династийы: Фарнавазидтæ, Арташесидтæ, Аршакидтæ æмæ Хосроидтæ, стæй та Багратионтæ.

Паддзахады сæйраг сахартæ æндæр æмæ æндæр азты уыдысты Армази, Цхета æмæ Тбилис.

IV-æм æнусы Ибери дзуарæфтыд сси Сыгъдæг Нинойы къухæй, паддзах Мириан III-ы хицауиуæджы рæстæджы æмæ чырыстон дин сси йæ паддзахадон дин.

VI-æм æнусы Иберийы хæдбардзинад сæттын райдыдта, персиаг дæлбар паддзахадæй персиаг провинци сси. 580-æм азы шаханшах Хормизд III, паддзах Бакур III-ы амæлæты фæстæ, Иберийы хæдбардзинад фæивар кодта æмæ Ибери сси Сасанидты империйы провинци, йæ сæры та уыд бæстыхицау — персиаг марзпан.

VII-æм æнусы, византиæгты æмæ персиæгты æхсæн хæстыты рæстæджы, Византийы импери персиæгты асырдта æмæ Ибери сси Византийы провинци, Иберийы сæрдары титул уыцы рæстæг хуындис куропалат, византиаг æгъдаумæ гæсгæ. Сæ фыццаг куропалат уыдис паддзах Гуарам I, Гуарамидты династийæ (Хосроидты къабаз).

645-æм азы Иберимæ араббæгтæ ныббырсыдысты æмæ куропалат Стефаноз II йæ византиаг дæлбардзинад ныууагъта æмæ сси араббаг Халифы дæлбар. 653-æм азы араббæгтæ сæ емиры Тбилисмæ нысан кæнын райдыдтой, уыцы рæстæгæй райдыд Тифлисы Емираты фæлтæр.

IX æнусы, бирæ хæстытæ æмæ политикон цауты фæстæ, ерыстау Ашот, Багратионты династийæ, æрлæмæгъ араббæгты ныхмæ рацыд æмæ фæуæлæхиз, æмæ ногæй йæхи Иберийы куропалатæй хонын райдыдта. Йæ фæдон, Адарнасе IV, 888-æм азы йæхи паддзахæй хонын райдыдта; паддзахиуæджы бар райста сомихаг паддзах Ашот I-ы къухæй. Йæ иннæ фæдон, Баграт III (975–1014), алыхуызæн политикон хинтæй æмæ æндæр мадзæлтæй, баиу кодта цалдæр бынæттон æлдарадтæ, кæцытæй æппæтæй ахсджиагдæр уыд Абхазы паддзахад, æмæ афтæ, 1008-æм азы, фæзынд иугонд Гуырдзыстоны паддзахад.