Сæуæссæ: различия между версиями

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Содержимое удалено Содержимое добавлено
ыс- поэтикон орфографийæ у, уацы мидæг с- фыссын хъæуы; иста > исты æмæ æнд.
робот аиуварс кодта "Last_fight_of_Sawassa.jpg"; уыцы файл ВикиКъæбицы нал и, архайæг Túrelio йæ аиуварс кодта мæнæ ахæм аххосæй: Copyright violation: external source, no license, no permission..
Рæнхъ 1: Рæнхъ 1:
[[File:Last fight of Sawassa.jpg|thumb|Нарты Сæуæссæйы фæстаг тох — [[Тугъанты Махарбег|Тугъанты Махарбеджы]] ныв]]

'''Нарты Сæуæссæ''' — ирон [[Нарты кадджытæ]]м гæсгæ [[Нартæ]]й сæ фыццаг, ацы дунейы чи фæзынд, уый.
'''Нарты Сæуæссæ''' — ирон [[Нарты кадджытæ]]м гæсгæ [[Нартæ]]й сæ фыццаг, ацы дунейы чи фæзынд, уый.



Фæлтæр 14:34, 3 мартъийы 2021

Нарты Сæуæссæ — ирон Нарты кадджытæм гæсгæ Нартæй сæ фыццаг, ацы дунейы чи фæзынд, уый.

Нарты кадджытæн сæ фыццаг кадæг райдайы, Зынджыбардуаг сæ куыд сфæлдыста, ууыл тæурæгъæй. Кадæгмæ гæсгæ Зынджыбардуаг райдыдта арт кæнын, æмæ артæн йæ фæздæг арвмæ цыд æмæ дзуæртты хъыгдардта. Дзуæрттæ йыл смæсты сты, æмæ рацыдысты хъаст кæнынмæ Галæгонмæ. Галæгон артыл сдымдта, фæлæ арт ноджы тынгдæр сцырдта æмæ Зæххы цъар судзын байдыдта. Уый фæстæ дзуæрттæ рацыдысты Хуыцаумæ, æмæ йæ бафæрстой, цæмæй Зынджыбардуагæн исты сарæза. Хуыцау Зынджыбардугæн загъта, цæмæй йæ митæ ныууыдза, фæлæ уый йын ахæм дзуапп радта: мæ цахæрыл, дам, физонджытæ чи кæна æмæ дæумæ чи кува, ахæм адæймаджы куы сывзæрын кæндзынæ, æрмæст уæд ныууадздзынæн дзуæррты хъыгдарын. Хуыцау лæджы сывзæрын кодта, æмæ йæ Зынджыбардуагмæ æрхаста. Зынджыбардуаг йæ арты бахсыста, сæумæдоны йæ ныппарста, æмæ уыцы лæг цъæх æндон феста. Уыцы лæджы Зынджыбардуаг Сæуæссæ ысхуыдта, дунемæ сæуыскастыл кæй фæзынд, уымæн.

Зынджыбардуаг Сæуæссæйæн радта арт кæнынæн мигæнæнтæ æмæ йæ цæрынмæ рарвыста. Уый фæстæ Сæуæссæ цуанмæ фæцыд, æмæ æвæджиауы рæсугъд урс сагыл сæмбæлдта. Саджы Зилгæцады былы онг аййæфта, æмæ уæд саг йемæ дзурын райдыдта: Донбеттырты мад кæй у, æмæ иу чызг æмæ авд фырты йæм кæй ис, уый йын радзырдта, æмæ Донбеттыртæ йæ сæхимæ кæй хонынц, уый дæр. Сæуæссæ Донбеттыртæм рацыд, æмæ дзы сæ иунæг чыдзжы ракуырдта. Чыдзæхсæвы фæстæ уыдонæн æртæ фырты райгуырд — Борæ, Дзылæу æмæ Болатбæрзай. Афтæ равзæрдысты Нартæ.[1]

Фиппаинæгтæ

  1. Сказания о Нартах; в 5-ти томах. Том I. /Сост. К.Ц. Гутиев — Орджоникидзе. Ир, 1989 — 496-с