Абхаз: различия между версиями

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Содержимое удалено Содержимое добавлено
NPOV change for a correct depiction of the disputed territory (GlobalReplace v0.6.5)
Нет описания правки
Рæнхъ 6: Рæнхъ 6:
|Герб = Coat_of_arms_of_Abkhazia.svg
|Герб = Coat_of_arms_of_Abkhazia.svg
|Хицауиуæджы хуыз = [[Республикæ]]
|Хицауиуæджы хуыз = [[Республикæ]]
|Картæ = Location of the region of Abkhazia in Eastern Europe.svg
|Картæ = Abkhazia in its region (less biased).svg
|Æвзаг = [[Абхазаг æвзаг|абхазаг]], [[уырыссаг æвзаг|уырыссаг]]
|Æвзаг = [[Абхазаг æвзаг|абхазаг]], [[уырыссаг æвзаг|уырыссаг]]
|Хæдбар сси = [[1992]] азы [[23 июлы]] [[Гуырдзыстон]]æй
|Хæдбар сси = [[1992]] азы [[23 июлы]] [[Гуырдзыстон]]æй

Фæлтæр 21:50, 6 июлы 2020

Абхазы Республикæ
Аҧсны Аҳәынҭқарра აფხაზეთის არ
Тырыса Герб
Тырыса Герб
Хæдбар сси 1992 азы 23 июлы Гуырдзыстонæй
Æвзаг абхазаг, уырыссаг
Сæйраг сахар Сухум
Стырдæр сахартæ Сухум (43,7 мин),
Гагрæ (10,7 мин),
Гудаутæ (7,7 мин)
Хицауиуæджы хуыз Республикæ
Президент
Премьер-министр
Уæлдæр советы сæргълæууæг
Рауль Хaджимбæ
Леонид Лакербая
Темур Мжавия
Фæзуат 8600 км²
Доны процент чысыл
Цæрджытæ
• Бахыгъд (2011)
Æнгомад

240 705 ад.
40 ад./км²
Валютæ Уæрæсейаг сом
Телефонон код +7 840, +7 940[1]
Сахатон таг +3
Абхазы автономон республикæйы хицауад, Тбилисы дæлбар, 2008-æм азы авгутсы онг бадти Уæллаг Абхазийы.
Абхазийы уынд Пицундæйæ
Рицæйы цад
Абхазийы районтæ: 1. Гагрæйы район, 2. Гудаутæйы район, 3. Сухумы район, 4. Гулрыпшы район, 5. Очамчырæйы район, 6. Ткуарчалы район, 7. Галы район

Абхаз кæнæ Абхази (абх. Аҧсны, гуырдз. აფხაზეთი) у хæдбар паддзахад, Гуырдзыстоны кæддæры автономи, ис Кавказы Цæгат-ныгуылæн хай — Сау денджызы былыл. Йæ сæйраг сахар у Сухум.

Абхазийы хæдбардзинад базыдтой Уæрæсе (2008-æм азы 26 августы)[2], Никарагуа (2008-æм азы 5 сентябры)[3], Венесуэлæ (2009-æм азы 10 сентябры)[4][5] æмæ Науру (2009-æм азы 15 декабры)[6], стæй Хуссар Ирыстон, Приднестровье æмæ Уæлхох Карабах. 2008-æм азæй фæстæмæ Абхази, цы территори йæхи хоны, уый контроль кæны æппæтæй.

Абхазийы ныры президент у Рауль Хaджимбæ (2014-æм азы сентябрæй)[7]. Абхазийы президент 2011-æм азы 26 сентябрæй уыдис Александр Анкваб[8], Сергей Багапшы амарды фæстæ уый æххæст кодта президенты хæстæ[9].

Республикæйы фæзуат у 8,6 мин квадратон километры.

Ныгуылæнæй скæсæны ’рдæм йæ территорийы астæуккаг дæргъ у 160 километры, хуссарæй цæгаты ’рдæм та — 54 километры. Денджызгæрæтты дæргъ у 210 километры.

Абхазийы цæрджытæ нымæц — 320 мин адæймагæй фылдæр (2001 азы зонæнтæм гæсгæ). Цæрынц дзы абхазæгтæ, сомихæгтæ, уырыссæгтæ, гуырдзиæгтæ (сæ фылдæр мегрелтæ), грекъæгтæ, эстойнæгтæ, немыцæгтæ, польшæйæгтæ æмæ æндæр нациты минæвæрттæ. Сахарты цæрджыты нымæц хизы 50 процентæй фылдæрмæ. Сæ динмæ гæсгæ 60% сты чырыстæттæ, 16% пысылмæттæ.

Хæхтæ ахсынц йæ территорийы 64% — Кавказы сæйраг къæдзæхрагъ, Бзыбь, Чхалта, Кодоры хæхтæ. Иууыл бæрзонддæр хох у Домбай-Ульген (4046 м).

Йæ хуссар хай сты æфцджытæ æмæ дæлвæзтæ.

Ис дзы лæгæттæ: «Ног Афон», «Митджын», Арбаикайы æфцæгыл лæгæт-сæрсæфæн — дунейы иууыл арфдæр лæгæт (1860 метры).

Цæугæдæттæ: Псоу, Бзыбь, Гумиста, Кодор, Алдзга, Ингур æмæ æндæртæ.

Цæдтæ: Рица, Амткел, Инкит, Голубое, Бебеисир.

Мæр хæххон сыгъзæрингъуыз, сырх æмæ бургъуыз.

Абхазийы территорийы 55 процентæй фылдæрыл зайы хъæд (тулдз, тæрс, фатхъæд, сабæлут, соцъи æмæ наз). Денджызгæрæтты зайынц субтропикон зайæгойтæ.

Йæ бæстыхъæд у уымæл, субтропикон, денджызгæрæтты январы астæуккаг температурæ вæййы +4... +7 градусы, хæхты — +2... -2 градусы, июлы та +22... +24 градусы. Къæвдатæ дзы афæдз æруары 1300–2400 миллиметры.


Кæс статьятæ

Кæс ноджы

Æддаг æрмæг

Фиппаинæгтæ