Хетæгкаты Къоста: различия между версиями

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Содержимое удалено Содержимое добавлено
ч Откат правок 178.35.117.180 (обсуждение) к версии Taamu
EUvin (ныхас | бавæрд)
→‎Галерей: дом, котором останавливался Коста в Херсоне
Рæнхъ 44: Рæнхъ 44:
Ныв:Khetagurov-teberda1.jpg|Хетæгкаты Къостайы конд ныв «[[Теберда]]йы ком», Цæгат Ирыстоны аивæдты республикон музей
Ныв:Khetagurov-teberda1.jpg|Хетæгкаты Къостайы конд ныв «[[Теберда]]йы ком», Цæгат Ирыстоны аивæдты республикон музей
Ныв:Khetagurov araka1.jpg|Хетæгкаты Къостайы конд ныв «Ирон хæдзары (Арахъуадзджытæ)», Цæгат Ирыстоны аивæдты республикон музей
Ныв:Khetagurov araka1.jpg|Хетæгкаты Къостайы конд ныв «Ирон хæдзары (Арахъуадзджытæ)», Цæгат Ирыстоны аивæдты республикон музей
Ныв:Будинок, в якому мешкав Коста Хетагуров, вул. 9 Січня, 17.JPG|[[Херсон]]
</gallery>
</gallery>



Фæлтæр 00:23, 23 мартъийы 2017

Хетæгкаты Къоста ирон дарæсы

Хетæгкаты[1] Леуаны фырт Къоста (райгуырдис 1859-æм азы 3 (15) октябры, Нарыхъæуы — амардис 1906-æм азы 19 мартъийы (1 апрелы), Лабæйы) уыдис зынгæ ирон фыссæг, поэт, публицист, нывгæнæг æмæ нывгæрдæг. Нымад цæуы ирон литературæйы бындурæвæрæгыл.

Къоста райгуырдис Нарыхъæуы. Сывæллонæй фæахуыр кодта Нары, Дзæуджыхъæуы æмæ Стъараполы, æмæ 1881-æм азы бацыд Бетъырбухы Аивадон Академимæ. 1883-æм азы йын йæ стипенди кæй æрлæууын кодтой, уый тыххæй рыздæхт Дзæуджыхъæумæ. Уым Къоста ныффыста йæ æмдзæвгæты фылдæр хай, æмæ йæ ном тынг ахъæр ис. Йæ æмдзæвгæтæ та Ирыстоны сахарты æмæ хъæуты апырх сты.

Цардафыст

Къоста райгуырдис Нарыхъæуы, 1859-æм азы 15-æм октябры. Йæ фыд, Хетæгкаты Елызбары фырт Леуан, уыд Уæрæсейы империйы æфсæддон. Йæ мад, Гуыбаты Габрелы чызг Мария, Къостайы райгуырдæй цалдæр боны фæстæ амардис, æмæ Къостайы хъомыл кæнын йæ хæстæгæн ныууагъта. Къостайыл фондз азы куы цыдис, уæд йæ фыд дыггаг ус æркодта. Уый уыд бынæттон сауджыны чызг.

Хетæгкаты Къоста, студентæй.

Ахуыр кæнынмæ Къоста бацыд фыццаг Нары скъоламæ, стæй Дзæуджыхъæумæ куы ацыд, уæд байдыдта ахуыр кæнын прогимназы. 1870-æм азы, йæ фыд Нарыкомы цæрджытимæ алыгъдис Хъобаны облæстмæ, уым Лабæйы хъæуæн бындур сæвæрдтой æмæ дзы æрбынат кодтой. Уыцы хъæуæн фæстæдæр раддзысты Къостайы ном. Фæстæдæр Къоста Дзæуджыхъæуы ахуыр ныууагъта, æмæ йæ фыды фæдыл Лабæмæ ацыдис. Уым æй йæ фыд Каладжины скъоламæ бакодта.

1871-æм азæй 1881-æм азмæ Къоста ахуыр кодта Стъараполы гимназы. Уæды рæстæгæй йын баззадис дыууæ ирон æмдзæвгæйы æмæ иу уырыссаг.

1881-æм азы Къоста бацыд Бетъырбухы Аивадон Академимæ. Уый йæ фыды фæндтæм нæ хауд, уымæн æмæ йæ фыды фæндыд цæмæй Къоста куыстаит Уæрæсейы хицауады. 1883-æм азы йын йæ стипенди æрлæууын кодтой, æмæ уый тыххæй цæрыны фæзæзтæ фесафгæйæ фæстæмæ Дзæуджыхъæумæ рыздæхд. Дзæуджыхъæуы Къоста æхсæнадон царды активон хайад иста æмæ куыста цалдæр газетимæ. Сæрды-иу хæхтæм ацыд, æмæ иу ирон царды тыххæй фылдæр базыдта. Уæды рæстæджы Къоста ныффыста бирæ ирон æмдзæвгæтæ, кæдон тагъд апарахат сты ирон адæмы ’хсæн, уæлдайдæр ахуыргæнинæгты æмæ интеллигенцийы.

Къостайы царды ахсджиаг бынат бацахста 1889-æм азы Пятигорскы Лермонтовы монумент æвæрыны цау. Уæд Къостайы нæ бауагътой йе ’мдзæвгæтæ кæронмæ бафæрсын.

Фыццаг æрвыст æмæ низ

1891-æм азы июны Къоста йæ æмдзæвгæты тыххæй æрвыст æрцыд Терчы облæстæй. Къоста ацыд Лабæмæ, йæ фыды хæдзармæ, æмæ дзы фæцис дыууæ азы. 1893-æм азы Къоста ацыд Стъараполмæ æмæ дзы газет «Цæгат Кавказы» кусын байдыдта. Уым фæкуыста 1897-æм азы онг, æмæ уыцы рæстæджы йæ ном тынг ахъæр ис. 1895-æм азы «Цæгат Кавказы» рацыд йæ уырыссаг æмдзæвгæты æмбырд. Стъараполы уæвгæйæ Къоста туберкулезæй фæрынчын ис. Уый тыххæй йын сарæзтой дыууæ операцы, фæлæ йæ низ не ’рлæууыд. Дыггаг операц æрцыд Бетъырбухы, æмæ уый фæстæ æхсæз мæй уатæй нæ сыстад. 1898-æм азы рыздæхт Ирыстонмæ æмæ йæ низæн хос кæнын уым адардтæр кодта.

Дыггаг æрвыст

1899-æм азы та йæ йæ бынатæй арвыстой. Ацы хатт Херсонмæ. Уым Къостайы зæрдæмæ нæ цыд, уымæн æмæ йæм рыг бынат фæкаст æмæ адæмы тыххæй та дзырдта ома дам зондджынты бæсты æрмæст уæйгæнджытыл фæмбæлдзынæ. Уый тыххæй Къоста загъта цæмæй йæ Одессæмæ арвитой, фæлæ йæ уый бæсты Очаковмæ арвыстой.

1899-æм азы декабры телеграммæ райста йæ æрвыст кæй фæцис, уый тыххæй, фæлæ йын рыздæхыны гæнæн уыд æрмæст мартъийы.

Фæстаг æзтæ æмæ мæлæт

Æрвыстæй рыздæхгæйæ Къоста байдыдта кусын Стъараполы «Цæгат Кавказы», фæлæ йæ низы тыххæй йæ тыхæтæ фæуд кодтой, æмæ 1901 рыздæхт Дзæуджыхъæумæ. Дзæуджыхъæуы Къоста хайад иста культурон цауты, ныв кодта, фæндыд æй ныв кæныны скъола бакæнын æмæ газет «Хъазыбеджы» редактор суын. Фæлæ уыцы фæндтæ низы тыххæй нæ сыххæст сты.

Къоста амардис 1906-æм азы 19-æм мартъийы, Лабæйы. Фæстæдæр ын йæ ингæн рахастой Дзæуджыхъæумæ, Сыгъдæг Мады Майрæмы Иры аргъуаны кæрттмæ.

Цыртдзæвæнтæ æмæ номарæнтæ

Къостайы бюст Дзæуджыхъæуы парчы
Къостайы цыртдзæвæн Сабырдзинады проспекты, сæвæрдæуыд 2010-æм азы

Къостайы ном хæссы, кæм амардис, уыцы хъæу Хъæрæсе-Черкесы, Дзæуджыхъæуы стырдæр проспект, Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет æмæ æндæр бирæ цæрæнрæттæ, уагдæттæ æмæ уынгтæ.

Галерей

Æрвитæнтæ

Фиппаинæгтæ

  1. Кæд æмæ орфографийы домæнтæм гæсгæ фыссын хъæуы Хетæггаты, традицимæ гæсгæ поэты ном фыссынц «гк»-йæ: Хетæгкаты. Уый тыххæй фен ацы фарс.