Хуыгаты Геор: различия между версиями

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Содержимое удалено Содержимое добавлено
Legobot (ныхас | бавæрд)
ч Бот схафта 1 æвзагы æрвитæны, кæцытæ Викирардты нырид сты ацы фарсы: d:q4502057
Dziglo (ныхас | бавæрд)
чНет описания правки
Рæнхъ 1: Рæнхъ 1:
[[Ныв:Хуыгаты Геор.jpg|thumb|220px|Хуыгаты Геор]]
[[Ныв:Хуыгаты Геор.jpg|thumb|220px|Хуыгаты Геор]]
'''Хуыгаты Доментийы фырт Геор''' (райгуырд [[1922-æм аз]]ы [[21 апрелы]] [[Цæгат Ирыстон]]ы [[Ногир]]ы хъæуы. Фæзиан 2005-æм азы) у ирон драматург.
'''Хуыгаты Доментийы фырт Геор''' (райгуырд [[1922-æм аз]]ы [[21 апрелы]] [[Цæгат Ирыстон]]ы [[Ногир]]ы хъæуы. Амардис 2005-æм азы) уыдис ирон драматург.

Геор райгуырд 1922 азы 21 апрелы Ногиры, ам каст фæцис астæуккаг скъола.
Геор райгуырд 1922 азы 21 апрелы Ногиры, ам каст фæцис астæуккаг скъола.
Рæнхъ 9: Рæнхъ 9:
Фæстæдæр Хуыгаты Геор йе ’ргом раздæхта тæлмацгæнæджы куыстмæ. Ратæлмац кодта, Ирон театры сценæйыл æнтысджынæй кæй хъазыдысты, ахæм цалдæр дæс классикон æмæ нырыккон пьесæйы. Уыдоны ’хсæн [[Еврипид]]ы, [[Шекспир]]ы, [[Бомарше]]йы, [[Гоголь|Гоголы]], Островскийы, Л. Толстойы, Горькийы æмæ Чеховы уацмыстæ.

[[1957-æм аз]]ы фыццаг хатт бафæлвæрдта ныффыссын пьесæ. Йæ пьесæтæ «Андро æмæ Сандро», «Мæ усы мой», «Зæрдæйæн квартет» æмæ æндæртæ æнтысджынæй æвæрд æрцыди [[Советон Цæдис]]ы бирæ сценæтыл.
[[1957-æм аз]]ы фыццаг хатт бафæлвæрдта ныффыссын пьесæ. Йæ пьесæтæ «Андро æмæ Сандро», «Мæ усы мой», «Зæрдæйæн квартет» æмæ æндæртæ æнтысджынæй æвæрд æрцыдысты [[Советон Цæдис]]ы бирæ сценæтыл.

«Раздæры советон бæстæйы, æвæццæгæн, ахæм театр нал баззад, æмæ Хуыгайы-фырты водевильтæ кæй сценæйыл не ’рцыдысты æвæрд». («Мах дуг»)
«Раздæры советон бæстæйы, æвæццæгæн, ахæм театр нал баззад, æмæ Хуыгайы-фырты водевильтæ кæй сценæйыл не ’рцыдысты æвæрд». («Мах дуг»)
Рæнхъ 15: Рæнхъ 15:
Геор ныффыста фыццаг ирон драмæ «Кæм дæ, мæ амонд?». Йæ уацымыстæ хицæн æмбырдгæндтæй цалдæр хатты рацыдысты мыхуыры уырыссаг æмæ ирон æвзæгтыл.
Геор ныффыста фыццаг ирон драмæ «Кæм дæ, мæ амонд?». Йæ уацымыстæ хицæн æмбырдгæндтæй цалдæр хатты рацыдысты мыхуыры уырыссаг æмæ ирон æвзæгтыл.

Хуыгайы-фырты хъæппæрисæй сарæзтæуыд, Дзæуджыхъæуы æрфылаз æнтысджынæй чи цæуы, уыцы Цæгат Кавказы национ драмон театрты фестиваль «Сценæйæн арæнтæ нæй».
Хуыгайы-фырты хъæппæрисæй сарæзтæуыд, Дзæуджыхъæуы æрвылаз æнтыстджынæй чи цæуы, уыцы Цæгат Кавказы национ драмон театрты фестиваль «Сценæйæн арæнтæ нæй».

=== Фиппаинæгтæ ===
=== Фиппаинæгтæ ===

Фæлтæр 16:35, 31 мартъийы 2015

Хуыгаты Геор

Хуыгаты Доментийы фырт Геор (райгуырд 1922-æм азы 21 апрелы Цæгат Ирыстоны Ногиры хъæуы. Амардис 2005-æм азы) уыдис ирон драматург.

Геор райгуырд 1922 азы 21 апрелы Ногиры, ам каст фæцис астæуккаг скъола. 1939-æм азы Хуыгайы-фырт у Цæгат Ирыстоны театралон училищейы (студийы) студент. 1942-æм азы сси Ирон театры актёр. 1947-æм азы ахуырмæ бацыдис А. Луначарскийы номыл Театралон аивады паддзахадон институтмæ (ТАПИ) режиссурæйы хайадмæ. Институт каст куы фæци, уæд раздæхти йæхи театрмæ æмæ райдыдта кусын режиссёрæй. Бирæ азты куыста йæ аивадон разамонæгæй.

Йе ’взонджы бонты Хуыгайы-фырт фыста æмдзæвгæтæ æмæ уацаутæ. Ахæм сфæлдыстад ахъаз фæци йæ сæйраг профессийæн. Йæ фыццаг уацымыстæ уыдысты æмдзæвгæтæ æмæ уацаутæ, 40—50-æм азты мыхуыры цыдысты журнал («Мах дуджы»). Георы æмдзæвгæ «Дыууæ фыстæджы» музыкæмæ авæрдтой — уый сси популярон зарæг, цыма адæмон зарæг, æмæ бацыди ирон адæмон сфæлдыстады антологимæ.

Фæстæдæр Хуыгаты Геор йе ’ргом раздæхта тæлмацгæнæджы куыстмæ. Ратæлмац кодта, Ирон театры сценæйыл æнтысджынæй кæй хъазыдысты, ахæм цалдæр дæс классикон æмæ нырыккон пьесæйы. Уыдоны ’хсæн Еврипиды, Шекспиры, Бомаршейы, Гоголы, Островскийы, Л. Толстойы, Горькийы æмæ Чеховы уацмыстæ.

1957-æм азы фыццаг хатт бафæлвæрдта ныффыссын пьесæ. Йæ пьесæтæ «Андро æмæ Сандро», «Мæ усы мой», «Зæрдæйæн квартет» æмæ æндæртæ æнтысджынæй æвæрд æрцыдысты Советон Цæдисы бирæ сценæтыл.

«Раздæры советон бæстæйы, æвæццæгæн, ахæм театр нал баззад, æмæ Хуыгайы-фырты водевильтæ кæй сценæйыл не ’рцыдысты æвæрд». («Мах дуг»)

Геор ныффыста фыццаг ирон драмæ «Кæм дæ, мæ амонд?». Йæ уацымыстæ хицæн æмбырдгæндтæй цалдæр хатты рацыдысты мыхуыры уырыссаг æмæ ирон æвзæгтыл.

Хуыгайы-фырты хъæппæрисæй сарæзтæуыд, Дзæуджыхъæуы æрвылаз æнтыстджынæй чи цæуы, уыцы Цæгат Кавказы национ драмон театрты фестиваль «Сценæйæн арæнтæ нæй».

Фиппаинæгтæ

Æддаг æрмæг